На уарзон поэт Плиты Грисыл ацы аз сыххаст 105 азы. Адæмæн уарзон поэт, тæлмацгæнæг æмæ драматург йæ уацмыстæй фæндаг ссардта аивадуарзджыты зæрдæтæм. Бирæвæсыг æмæ хъæздыг у Грисы сфæлдыстад.
Ахадгæ бынат дзы ахсынц йæ драмон уацмыстæ. Зæгъæн ис, æмæ фыссаг у ирон поэтикон драмæ сфæлдисæг. Грисы драмæтæй зындгонддæр у трагеди «Чермен» ама «Авд цухъайы». Абон на студима арбахуыдтам, ирон театры Плиты Грисимæ фæрсæй-фæрстæм чи куыста, æмæ йын абон дæр стыр аргъ чи кæны, Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист Тлаттаты Бексолтаны.