«Цæвæгхос», уырыссагау «зверобой». Адæм ма йæ хонынц 99 низæй хос дæр. Фæлæ уый æрмæст адæмæн, фосæн маргæй уæлдай нæу. У тынг пайда æнæниздзинадæн. Цайтæ уæлдай ма дзы кæнынц буарæн царв, карз нозтæй хъацыд дон, стæй сæрмагонд хостæ дæр.
Цæвæгхос, цыфæнды дидинæгау, хос куыд кæны, афтæ зиан расайын дæр зоны. Алцæмæн дæр, дам, ис æгъдау. Афтæ ацы кæрдæгæй пайда кæнынæн дæр. Бæрц зонгæйæ зыд куы нæ кæнай, æрдзмæ уарзон цæстæй куы кæсай, уæд дæм уый дæр æмбæлгæ цæстæнгас раздахдзæн.