preloader
сейчас в эфире
07:33
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
Смотрите Далее
08:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
08:05
БЕЗ ТОРМОЗОВ 12+
08:30
ВСЕ В САД 12+
09:00
УТРО. НОВОСТИ 12+
09:05
ВЕРХНЯЯ ТОЧКА 16+
ТВ ПРОГРАММА
МУЛЬТФИЛЬМЫ 0+
close

Уæйыг дыууæ рæсугъды куыд аскъæфта

Выпуск от: 18.02.2019

Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæг, фынæйæ цы уæйыджы федтой, уый райхъал.

Акасти, æмæ – Буртæджы фидары цæрæг дæр нал и. Базыдта, дыууæ рæсугъды чидæр цыдæр фæкодта ‘мæ агурæг зилын байдыдта сæ фæдыл.

Иубон Уæрхтæнæг дзуры Уæрхæгмæ:

– Мах аххосджын ыстæм уæйыджы раз. Нæ тыхтæ йемæ нæ бавзæрстам. Ныр уый зæгъдзæн фæтарстысты зæгъгæ. Уый та махæн ыстыр худинаг у, æмæ йæм фæцæуæм, бавзарæм нæ тыхтæ.

– Цы ма йæм цæуæм ардыгæй уырдæм? Кæд йæ зæрдыл æрлæууæм, уæд нæ йæхæдæг агурдзæн.

– Нæ, уый худинаг у, ныхас ныууагътам. Ныхас фæсайын æй Хуыцау бахизæд.

Ныр Чысыл лæппу дæр уым, æмæ уый дæр йæ дзырд баппæрста:

– Ныхас ныхас у, цæуын æм хъæуы!

Æмæ абадтысты сæ сагадæгыл æмæ фæцæуынц уæйыг агурæг. Кæсынц, æмæ иу доны был иу бæгънæг лæг йæ къухтæ тилы. Фæрсынц æй Нартæ:

– Цы кæныс, хорз лæг, бæгънæг цæмæн дæ?

– Барæй афтæ бакодтон, æндæр мын не рлæууыдаиккат. Æз Донбеттыртæй дæн. Сымах амардтат Буртæджы фыртты. Ацал-ауал азы цæм ахстæй фæци мæ иунæг лæппу. Ныр сымах руаджы фервæзти. Куывд ын кæнын, æмæ уæ хонын сымах дæр.

– Бузныг де ‘гъдауæй, бузныг де рхъуыдыйæ. Фæлæ нын уый фадат нæй. Дзырд загътам, фынæй цы уæйыг кодта, уымæн, æмæ йæ хъуамæ ссарæм. Махæн нæ дзырдæн фæсайæн нæй.

– Цæй, кæд афтæ у, уæд-иу уæ хæст фурды былмæ хæстæг ыскæнут. Мæ бон уын цы уа, уымæй уын баххуыскæндзынæн. Фæндараст фæут, æмæ уæхи фæндиаг ут.
Донбеттыр уадид фæдæлдон ис. Нартæ та дарддæр кæнынц сæ фæндаг. Æрцыдысты с’ адæгыл, уæйыг кæм фынæйкодта, уыцы бынатмæ, фæлæ дзы никæй æрæййæфтой. Дискæнынц, уæдæ кæдæм фæцыди уæйыг?

– Банхъæлмæ уал кæсæм, – дзуры Чысыл лæппу – зындзæни ардæм.

Чызджыты куыд акодтой, уый уæйыг зоны, æмæ цæ агурдзæн, æвæдздзæгæн, хæхты ‘мæ фæзты. Уæдæ ‘ндæр цы фæуыдаид?
Æрынцадысты фæзыл æртæйæ. Уæд дымгæ сыстад æмæ бæстæ йæ сæрыл хаста. Уыцы стыр бæлæстæ фæлдæхтысты сæ быныл. Кæсынц, æмæ уæйыг æрбацæуы. Йæхи ‘руагъта æмæ та æвиппайды афынæй. Донбеттыр дын уæд йæ хид калгæ ‘рбахæддзæ.

– Цы фестут, лæппутæ? Стыр бæллæхтæ! – Хæстулæфт кæны, афтæмæй дзуры Донбеттыр.

– Цавæр бæллæхтæ?

– Арвычызг йæ дыууæ чындзы дон хæссынмæ ракодта. Уыцы рæстæг уæйыг доныбылты зылди. Ауыдта дыууæ рæсугъды, æмæ цæ фæхаста йе рхуымæсыгмæ. Арвычызг та йæхи кæуынæй мары.

Лæппутæ тынг фæхъынцъымкодтой, æмæ дын Уæрхтæнæг фынæй уæйыгмæ базгъордта. Уæйыгæн йæ сæрастæу уыди æртæ урс хъуыны: иу дзы йæ ныфс уыд, иннæ йæ тых уыд. Æртыггаджы та йæ уд æвæрд уыд. Уæрхтæнæг цыл æнæнхъæлæджы куыддæр æгъдауæй фæхæст йæ къухæй, æмæ фынæй уæйыг фехъал.

– Цы кæныс уый, лæппу? Фынæй мæ бауадз!

– Уæлæмæ сыст, нæ тохы бон у!

– Тох чи фæкæны, уый искæй сæрыхъуынтæм нæ лæбуры. Фæлæ йæ кард райсы ‘мæ афтæмæй ысхæцы тыхæвзарæны.

Уæрхтæнæг дæр ын йæ хъуынтæ суагъта. Уæйыг йæ сæрыл æфсæнхуд æрсагъта, æмæ та йæ хуырхуыр ыссыд.

Уæрхтæнæг мæстæй рафыхт æмæ дын æй къахæй ыстъæпласта:

– Уæлæмæ сыст, нæ хæцæн бон у!

Уый не стади. Æртыггаг хатт дæр та йæ ныууыгъта. Фæгæпкодта уæд уæйыг. Уæрхтæнæгимæ хъæбысæй-хъæбысмæ фесты, æмæ сæ кæрæдзийы хойын райдыдтой. Сæ хæст доныбылырдæм æрцыди. Уæйыг Уæрхтæнæджы систа, æмæ йæ раст мигъты сæрмæ фехста. Уæрхтæнæг дæр уæд йæхи рауагъта, æмæ уæйыгыл йæхи ныххуырста. Йæ фадхъултæм æй сыджыты ныссагъта.

– Йæ сæрастæумæ йын бахъав, – дзуры Донбеттыр Уæрхтæнæгмæ. – Уым ын ис æртæ хъуыны. Уыдон куы нæ фæлыгкæнай, уæд ын мæлæт нæй.
Уæйыг Уæрхтæнæджы дыггаг æхст фæкодта. Уæрхтæнæг кард æлвæстæй рахаста, æмæ дзы нырриуыгъта уæйыджы сæр. Иу хъуын дзы фæхаудта, æмæ йæ Донбеттыр амбæхста. Уæйыгæн йæ ныфс асасти, фæлæ ма йæ тых йæ бонæй фехста уæддæр Уæрхтæнæджы. Уæрхтæнæг дæр та кардæлвæстæй æрцæйтахт. Нырриуыгъта уæйыджы сæр, æмæ дыггаг хъуын дæр атæхынкодта. Уыцы хъуын дæр Донбеттыр амбæхста. Уæйыг та Уæрхтæнæгмæ февнæлдта, хъуамæ йæ фехстаид, фæлæ дзы нал тых уыди, нал – ныфс. Æмæ йæ ‘рбырста Уæрхтæнæг.

Уæд æм Донбеттыр дзуры Уæрхтæнæгмæ:

– Бафæрс æй æрхуымæсыгæй.

– А дунейы ма дæ кæд цæрын фæнды, уæд мын зæгъ: кæм и де рхуымæсыг? – афарста Уæрхтæнæг уæйыджы.

– Уый та ма уæ цæмæн бахъуыд?

– Уымæй нæ ма бафæрс!

Цы гæнæн ма йын уыди, æмæ цæ акодта уæйыг хохæн йæ тæккæ рæбынмæ. Къæдзæхастæуæй иу æфсæндуар зынд.

– Бакæнут дуар, æмæ мидæмæ бахизут, – загъта уæйыг. – Уым ис ме рхуымæсыг. Уым ысты дыууæ рæсугъды дæр, æмæ цæ ракæнут.

– Сайгæ уæ кæны, ма йыл æууæндут. Æфсæндуар йæхæдæг бакæнæд, – дзуры Донбеттыр.

– А дуар дæхи аразгæ у, йæ бакæнын дæр дæхи бар у, – загъта йын уæйыгæн уæд Уæрхтæнæг.

Нæ разы кодта уæйыг, фæлæ йæ нал уагътой Нарты лæппутæ. Уæйыг æфсæндуар бакодта, æмæ бахызтысты мидæмæ. Дунейы стæгдарæй дзы бацæуæн нал уыд. Бирæйы ‘нгуылдзтæ дзы уыдысты ихсыд, чи та дзы дæндагдзæф уыди. Æмæ йæ фæрсынц Нартæ уæйыджы:

– Ай цавæр ыстæгдар у?

– Ам мæ бæстæ у, – загъта уæйыг. – Æз мæ бæстыл æрбацæуæг уагътон, фæлæ мæ бæстæй ацæуæг нæ уагътон, æмбæлæггаг истон. Кæуыл тыхкодтон, уыдоны сæфтон, кæуыл нæ тыхкодтон, уыдоны та ардæм сайдтон, æмæ цыл-иу æфсæндуар сæхгæдтон. Ам сыдæй мардысты. Кæрæдзийы ‘нгуылдзтæ ‘хсыдтой фырæххормагæй. Гъемæ уыдон ыстæгдартæ сты. Уæртæ уый та ме рхуымæсыг у. Дыууæ рæсугъды дæр уым ысты.

Уæрхтæнæгæн дын йæ туг рахсысти, æмæ уæйыгæн йе ртыггаг хъуын дæр атæхынкодта. Иу хъæр ма фæкодта уæйыг:

– Амарддæн!

Уыцы хъуын дæр та систа Донбеттыр, æмæ йæ нывæрдта йæхимæ. Уæйыджы хъæрмæ дыууæ чызджы ракастысты æрхуымæсыгæй. Базыдтой Уæрхæг æмæ Уæрхтæнæджы, æмæ цæм раппæрстой мæсыджы сæрæй Уæрхæджы фат.

Уæрхæг фат систа ‘мæ загъта:

– Чи стут, æмæ ацы фат сымахмæ цæмæн ис?

– Иу хатт æй кæддæр нæ уæлкъæсæрæй райстам.

– Кæд сымах уыцы чызджытæ стут, уæд уæ уынд æмæ уæ конд та цы фæци?

– Ахæстадæймагæн ма цæй конд æмæ цæй уынд вæййы!

Раргъæвтой чызджыты. Абадтысты Чысыл лæппуйы адæгыл æмæ сæхимæ ‘рцыдысты. Арвычызгæн дæр та йæ зæрдæ барухс, æмæ цыл фæцинкодта йæ чындзытыл.

Выпуски
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
22.07.2019 19:35
Нарты кадджытæ
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Сослан — тыхагур (дыккаг хай)
1.07.2019 16:02
Нарты кадджытæ
Сослан — тыхагур (дыккаг хай)
Сослан — тыхагур (фыццаг хай)
27.05.2019 19:45
Нарты кадджытæ
Сослан — тыхагур (фыццаг хай)
Хæмыц ус куыд ракуырдта
19.03.2019 21:15
Нарты кадджытæ
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Сырдоны райгуырд
25.02.2019 19:45
Нарты кадджытæ
Сырдоны райгуырд
Арвычызг
4.02.2019 20:25
Нарты кадджытæ
Арвычызг
Темы
Рекомендуем
Полет шмеля
23.04.2024
Сывæллоны фæллойадон бартæ, Къостайы мысгӕйӕ, чиныджы бон ӕмӕ елхотӕгтӕ Мӕскуыйы
23.04.2024
Хуадонты Фатимæ
23.04.2024
Интервью с Главой РСО-Алания Сергеем Ивановичем Меняйло
22.04.2024
День книг, День нотариата и музыкальный онлайн-марафон
22.04.2024
Хъулаты Андрей
22.04.2024
Олег Хамоков
22.04.2024
Alania Fashion Day
21.04.2024
В итоге: 21 итоге
21.04.2024
Профессия
21.04.2024
Хамство
21.04.2024
Маргиевы
20.04.2024
«Хонк-фест». Художник Руслан Тхазапдижев. Музей-заповедник Лермонтова
20.04.2024
Учителя школы-интерната во Владикавказе
20.04.2024
Адæмон фронты куыст, ног хиирхæфсæн мадзал æмæ Турчы цæрæг ирæттæ Ирыстоны
19.04.2024
Все рекомендуемое