preloader
сейчас в эфире
02:26
КОГДА НАСТУПИТ РАССВЕТ 12+
Смотрите Далее
03:30
ВЕКТОРЫ )ПОВТОР) 12+
04:20
НОВОСТИ (ПОВТОР) +
04:50
УИДÆГТЫ ИРДГÆ 16+
05:20
НАРАСПАШКУ 12+
06:15
НАРТЫ КАДДЖЫТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
КОГДА НАСТУПИТ РАССВЕТ 12+
close

Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæджы куыд ссардтой

Выпуск от: 26.11.2018

Бон уылынг рæзтысты, æхсæв та уыдисн дыууæ фаззон лæппуйы. Фат æмæ ‘рдынæй хъазынхъом куы фесты, уæд иу бон рацыдысты уынгмæ, фатæрдынæй хъазгæ. Æгас Нарт сæ фаты хъæрæй бамбæхстысты.
Къулбадæг ус йæ чызджы рарвыста донмæ. Хæмыц æй куы суыдта, уæд æй фехста, æмæ чызгæн йæ донгарз ныцъæл ис, йæ уæлæ цы дзауматæ уыд, уыдон дæр фат ныскъуыдтæ кодта. Чызг фæстæмæ кæугæ-кæугæ баздæхтис, æмæ йæм йæ мад дзуры:
— Цы кодтай, дæ мад дæ быныл баззайа, дон цæуылнæ ‘рбахастай?
Уый йын загъта:
— Дæлæ мæ Хæмыц фехста фатæй æмæ мын мæ донгарз ныцъæл кодта, стæй мын мæ пысултæ дæр ныскъуыдтæ кодта.
Мад æм радта ног донгарз æмæ йын загъта:
— Ацу, æмæ дын кæд мæ дзыхæй хай уыдзæни, уæд дын цы дзидзи фæдардтон, уый дын хæлар уæд, кæннод Сехы гоппыл фæхау.
Чызг рараст ис æмæ дуарæй куыд рахызт, афтæ та йæ Хæмыц фатæй фехста. Уæд æм чызг фæстæмæ дзуры:
— Мæныл дæ тых цы ‘взарыс — мæныл хъæды мæргътæ дæр тых куы сты; фæлæ кæд уый бæрц тыхджын дæ, уæд уартæ дæ фыды фыд Уæрхæг Нарты рæгъауы фæстæ ныххус и, æмæ уый бабæрæг кæн. Дыууæ лæппуйы уыцы ныхас куы фехъуыстой, уæд сæ фæттæ æмæ се ‘рдынтæ бацъæлтæ кодтой æмæ сæ хæдзары цæгъдæджы мидæг фесты æмæ сæ мадмæ дзурынц:
— Мах цæуæм Нарты Ныхасмæ — нæ фыдæлтæй ма чидæр æгас у, æмæ иæ хъуамæ ссарæм.
Араст сты дыууæ лæппуйы æмæ Нарты Ныхасмæ ‘рцыдысты.
Æртæ Нарты Ныхасы бадынц.
— Фарн уæ ныхасы! — загътой лæппутæ Ныхасы адæмæн.
— Фæрнæйдзаг ут! — дзуапп радтой лæппутæн адæм.
— Фехъуыстæм, нæ фыды фыд Уæрхæг Нартæн рæгъаугæс у, зæгъгæ, æмæ нын, кæм ис, уый куы бацамониккат, уый курæг стæм.
— Мæнæ лæппутæй искæй акæнут уемæ, æмæ уын æй уый бацамондзæн, — загътой лæппутæн Ныхасы адæм.
— Хорз, — зæгъгæ, фæкодтой Уырызмæг æмæ Хæмыц æмæ иу лæппуимæ араст сты Уæрхæджы агурæг. Цæуынц, æмæ сæ къæхты хъæрæй бæстæ змæлынц, хæхтæ згъæлынц.
Уæрхæг дис кæнын байдыдта, загъта йæхицæн: «Уæдæ мæ фырттæ — Ахсар æмæ Ахсæртæг — куы фесæфтысты, уæд ай цы диссаг у — уый мæ фыртты къæхты хъæры хуызæн куы у?!» Бахæццæ сты Уæрхæгмæ. Уæрхæг сæ фæрсы:
— Ай, æмæ чи стут?
Зæгъынц ын:
— Мах стæм Æхсæртæджы лæппутæ!
— Уæдæ-ма рацæут, — æз уæ уе стæджы хъæдæй базондзынæн.
Бацыдысты Уырызмæг æмæ Хæмыц Уæрхæгмæ æмæ йæ хъæбыстæ кæнынц. Уæрхæг сындæг равнæлдта æмæ йæ къухы уырзтæй радыгай æрысгæрста лæппуты цонджы хъултæ æмæ загъта:
— Уе стæджы хъæд æцæг махæй у.
Уæд ын лæппутæ æрдзырдтой, — сæ мадæй куыд фехъуыстой, афтæ, — сæ фыд Ахсæртæг æмæ йе ‘фсымæр Ахсары амарды хъуыддаг, стæй сæ мад æмæ сæхи хъуыддæгтæ дæр.
Уæд Уæрхæг йæ цæстытæ доны разылдта æмæ загъта:
— Мæнæн уыдис, æцæгдзинадæй, дыууæ фаззон лæппуйы — Ахсар æмæ Ахсæртæг, æмæ фесæфтысты. Фæлæ æгайтма сæ мыккаг нæ сыскъуыди!
Æмæ сæ разæй рараст и сæ зæронд фидар арæзт чъырынмæ.
Дыууæ лæппуйы ссыдысты Уæрхæджы фæстæ чъырыны уæллаг уæладзыгмæ. Бахызтысты мидæмæ, æмæ хæдзары нал уыдис быронæй бацæуæн. Уæд сæ иу фийаг фелвæста, се ‘ннæ — уисой, æмæ рамарзтой хæдзар. Хæдзар, цы уыдис, авд ахæмы хуыздæр сæрттывта. Уый фæстæ зæронд лæджы ракодтой дуармæ, адастой йын йæ хъуынджын сæр, йæ
боцъотæ. Стæй йын фаджысы нытъыстой лæдзæг. Зæронд лæг уым ныддоныхуыпп кодта; æмæ йæ доныхуыпп хæрдмæ танхъа куы хаста, уæд дыууæ ‘фсымæры кæрæдзимæ бакастысты æмæ загътой: «Ай ма нын нæ мады дæр фæдардзæн». Зæронд лæджы фæстæмæ хæдзармæ бакодтой æмæ йын загътой:
— Мах стæм дæ лæппутæ æмæ нырæй фæстæмæ демæ цæрдзыстæм.
Цалынмæ Уæрхæджы агуырдтой Уырызмæг æмæ Хæмыц, уæдмæ сæ мад — Дзерассæ уыд йæ цæгаты — Донбеттыртæм; æмæ йæм араст сты æмæ йæм ныццыдысты. Ракодтой йæ уырдыгæй æмæ йе ‘рхуыдтой Нарты хъæумæ, æмæ дзы сæ фыды фыд Уæрхæг загъта йæхицæн бинонтæ.

Выпуски
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
22.07.2019 19:35
Нарты кадджытæ
Сырдон йæ мæрдтæн хист куыд кодта
Сослан — тыхагур (дыккаг хай)
1.07.2019 16:02
Нарты кадджытæ
Сослан — тыхагур (дыккаг хай)
Сослан — тыхагур (фыццаг хай)
27.05.2019 19:45
Нарты кадджытæ
Сослан — тыхагур (фыццаг хай)
Хæмыц ус куыд ракуырдта
19.03.2019 21:15
Нарты кадджытæ
Хæмыц ус куыд ракуырдта
Сырдоны райгуырд
25.02.2019 19:45
Нарты кадджытæ
Сырдоны райгуырд
Уæйыг дыууæ рæсугъды куыд аскъæфта
18.02.2019 20:00
Нарты кадджытæ
Уæйыг дыууæ рæсугъды куыд аскъæфта
Темы
Рекомендуем
Таха Акгюль на сборах в Осетии, подготовка сборной республики по вольной борьбе на предолимпийский чемпионат России
24.04.2024
Борьба с наркоманией
24.04.2024
Производственный взлет: полвека успешной работы завода «Радуга»
24.04.2024
Ацамаз Галуев
24.04.2024
Брифинг Главы Республики Северная Осетия-Алания Сергея Ивановича Меняйло
24.04.2024
Полет шмеля
23.04.2024
Сывæллоны фæллойадон бартæ, Къостайы мысгӕйӕ, чиныджы бон ӕмӕ елхотӕгтӕ Мӕскуыйы
23.04.2024
Хуадонты Фатимæ
23.04.2024
Интервью с Главой РСО-Алания Сергеем Ивановичем Меняйло
22.04.2024
День книг, День нотариата и музыкальный онлайн-марафон
22.04.2024
Хъулаты Андрей
22.04.2024
Олег Хамоков
22.04.2024
Alania Fashion Day
21.04.2024
В итоге: 21 итоге
21.04.2024
Профессия
21.04.2024
Все рекомендуемое