1-æм июнæй сывæллæтты рæвдауæндæтты райдыдта сæрдыгон дзæбæхгæнæн афон. Августы кæронмæ хъомылгæнджытæ уæлдай тынгдæр цæстæнгас здахдзысты сабиты физикон уавæрмæ. Зæгъæн ис, æмæ æппæт рæстæг дæр сывæллæттæ вæййынц уæлдæфы. Сæ сæртæ æнæмæнг вæййынц æхгæд, афоныл нуазынц дон, хурмæ цас æмбæлы, уымæй фылдæр нæ вæййынц. Цæмæй æгæр тæвд ма суой. Хъазыц змисы, сыгъдæг уæлдæфæй улæфынц æмæ хурмæ сæхи тавынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, ам цæст дарынц алы сывæллонмæ дæр. Кæд сæ исчи рынчын баййæфта, кæнæ та йæм исты индивидуалон хицæндзинæдтæ ис, уæд æппæт уыцы лыстæгдзинæдтæ дæр зæрдыл дарынц æмæ хынцынц. Уымæй уæлдай ма менюйы фæзынд фылдæр дыргътæ æмæ халсартæ.
Сæрдыгон сывæллæтты рæвдауæндæтты байгом кæнынц радхæссæн къордтæ. Ахæм æххуыс кусгæ цы ныййарджытæ кæнынц, уыдонæн ис Цæгат Ирыстоны дæр. Уый тыххæй хицауады аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Сергей Меняйло бабар кодта æвæстиатæй хъусын кæнын, куыд кусдзысты сывæллæтты рæвдауæндæттæ июнæй августмæ, уый тыххæй, цæмæй йæ ныййарджытæ бæлвырд зоной, куыд кусынц сæрдыгон къодтæ.
















