Райсом æппæт бæстæ дæр кадджын уавæры бæрæг кæндзæн Уæрæсейы бон. Дзæуджыхъæуы администрацийы бæрæгбонмæ цæттæ кæнынц бæстонæй. Республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæн бæрæгбоны фæдыл цæттæ кæны цымыдисаг программæ.
Сабаты Дзæуджыхъæуы Сæрибардзинады фæзы республикæйы цæрджытæ сбæрæг кæндзысты Уæрæсейы бон. Бынæттон администраци бæрæгбоны фæдыл цæттæ кæны цымыдисаг программæ. Адæмы бахъæлдзæг кæндзысты концертон фæзы. Æрвылаз амидингæнджытæ архайынц мадзалмæ ногдзинæдтæ бахæссыныл.
Уазджыты удæнцойæн фæзы снысан кæндзысты бадæн зонæ. Концерт фенæн уыдзæн лæвар. Райдайдзæн изæры 7 сахатыл. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, фарон бæрæгбон низы тыххæй ацыд онлайн хуызы. Уым гæсгæ, ацы аз бæрæгбонмæ уæлдай æхсызгондæрæй æмæ бæстондæрæй цæттæ кæнынц.
Бæрæгбоы мадзæлттæ сараздзысты горæты сæйраг парчы дæр. Республикæйы нациты ‘хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрад Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетимæ иумæ цæттæ кæнынц бæрæгбоны мадзал. Студенттæ архайдзысты концертон программæйы. Цæгат Ирыстоны цæры бирæ адæмыхæттытæ. Уымæ гæсгæ алы бæрæгбонмæ дæр бæстонæй бацæттæ кæнынц. Ивгъуыд аз, пандемийæйы рæстæг дæр профилон министрад архайдта бирæ мадзæлтты
Уæрæсейы бон бæрæг кæнынц æппæт бæстæйы дæр.21 азы размæ 12 июны фидаргонд æрцыд паддзахадон хæдбардзинады тыххæй деклараци. 1994 азы ацы бæрæгбон ссис паддзахадон. 2002 азы та йын радтой ног ном.