Ивгъуыд азы 60-æм -70-æм азтæ. Хуымæтæг кусæг адæм: Хъалмыхъ, Гадзыгыз, Сослан, Уарзетæ, Ацырухс. Саламты Къола æмæ Брытъиаты Зариффæйы пьесæмæ гæсгæ комеди “Дыууæ чындзæхсæвы” раздæхт ирон театры сценæмæ. Ныртæккæ цæуынц бæстон репетицитæ.
Комедийы æвдыст цæуы фæллойуарзаг адæмы цард хæсты фæстæ. Кæд уæззау уавæртæ уыд, уæддæр уыдысты цæстуарзон, зæрдæхæлар, кæрæдзийы ‘хсæн уыд хорз ахастдзинæдтæ. Уæздан чызджытæ æмæ сæрæн лæппутæн сæ зæрдæтæ гом уыдысты уарзондзинадæн. Кæд сæ размæ бирæ хæстæ æвæрд уыд, уæддæр сæ сæхи царды кой дæр кодтой. Пьесæйы уый ирдæй æвдыст цæуы. Режиссер Битарты Алыксандр спектаклыл кусын райдыдта мæй æмæ æрдæджы размæ.
“Дыууæ чындзæхсæвы” сценæйыл æвæрынц æртыккаг хатт. Номдзыд Саламты Къола – Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг. Уæды рæстæджы уæззау уаргъ йæхиуыл банкъардта. Йæ стыр курдиаты фæрцы йæ æххæстæй равдыста пьесæйы. Ныр спектаклы архайынц актерты ног фæлтæр. Цавæртæ сты цымæ нырыккон Уарзетæ æмæ Сослан.
Æрыгон Сослан æрбацыд сыхаг колхозмæ хор æрæмбырд кæнынмæ фæкæсынмæ. Æнæнхъæлæджы дзы йæ амонд ссардта. Хæрзконд, уæздан æмæ æгъдауджын Уарзетæйы. Чызг лæппумæ йæ æргом не здæхта. Фæлæ усгуры уый ноджы разæнгарддæр кодта. Дзоцъиты Мурат куыд зæгъы, афтæмæй йæ хъайтар у кусаг, хъубæсты фæзминаг кæстæр.
Алы пьесæйы дæр æвдыст цæуы алыхуызон рæстæджы цард, хъайтарты бирæты сæхи базонынц, зæгъы Битарты Алыксандр. Хъæлдзæг нывты – ирон æхсæнады миниуджытæ. Хистæртæ æрхъуыды кæндзысты сæ æрыгон бонтæ, кæстæртæн та цымыдисаг уыдзæн уæды рæстæгимæ базонгæ уæвын.
Комеди “Дыууæ чындзæхсæвы” премьерæ ацæудзæн хæстæгдæр сабат æмæ хуыцаубоны – 21-æм æмæ 22-æм февралы. Уырны нæ, аивадуарзджытæ йын стыр аргъ кæй скæндзысты, уый.
















