preloader
сейчас в эфире
15:00
СПЕКТАКЛЬ "ФАТИМА" 12+
Смотрите Далее
15:50
ПРОШЛОЕ УМЕЕТ ЖДАТЬ (1,2 СЕРИЯ) 16+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
ПРОШЛОЕ УМЕЕТ ЖДАТЬ (3,4 СЕРИЯ) 16+
19:30
ПОДРОСТКИ В ЭФИРЕ 12+
20:00
В ИТОГЕ: 12+
ТВ ПРОГРАММА
СПЕКТАКЛЬ "ФАТИМА" 12+
close

16-ам октябры Æгас Дунейы бæрæг кæнынц анастезиолог-реаниматологы бон

16.10.2025 14:02

Ацы хайады æппæты уæззаудæр пациенттæ вæййынц. Сæхимæ базилынхъом не сты. Ахæм рынчынтæм æхсæвæй-бонæй хъæуы кæсын. Адæймаджы тыхст заман йæ фарсмæ…

Ацы хайады æппæты уæззаудæр пациенттæ вæййынц. Сæхимæ базилынхъом не сты. Ахæм рынчынтæм æхсæвæй-бонæй хъæуы кæсын. Адæймаджы тыхст заман йæ фарсмæ уæвын Ирбек Воскобойников йæхицæн фидарæй снысан кодта. Диплом райсыны фæстæ цыбыр рæстæг акуыста педиатрæй, фæлæ йæ æмбæрста, уый йæ бынат кæй нæу, уый. Разæнгард æй кодтой зындæр уавæртæ, алы минут дæр нымад кæм у, уыцы ран.

Дохтыры куысты æрвылбоны фæтк нæй. Алы хатт дæр ног цаутæ, зын уавæртæ, уыдон фæдомынц æвæстиаты архайд æмæ бæрнондзинад, фæлæ уæддæр нæлгоймаджы тыхсгæйæ ничи фендзæн, алкæддæр вæййы хиуылхæцт æмæ ныфсхаст. 43 азы фæллой кæнгæйæ йæм йæ къабаз фæивыны хъуыды иу хатт дæр нæ фæзынд, кæд ын æнцон нæу, уæддæр. Зæгъын ма хъæуы, уый æмæ ахуыры рæстæг дæр уыд раззагдæртимæ.

Уал азмæ дæсныйады уæвгæйæ бирæ хæттыты сси æвдисæн диссæгтæн, цардмæ раздахæн цы пациенттæн нал уыд, уыдон иу йæ цæстдардæй сæ къæхтыл слæууыдсты. Фæлæ йæ зæрдæйы ис хъæдгом, кæцы никуы байгас уыдзæн.

Ахæм цаутæ Ирбек Воскобойниковы практикæйы стæм не сты. Мингай царды бахъахъхъæдта, куыд сабиты, афтæ карджынты дæр. Йе ‘мкусджытæ йæ хонынц Хуыцауы сконд дохтыр, æгæрон курдиаты хицау æмæ зæрдæхæлар адæймаг. Рахизфарсы районы рынчындоны сæйраг дохтыр Адырхаты Алан Ирбегимæ зонгæ у студентма куы уыд, уæдæй. Фæлтæрдджын анестезиолог-реаниматолог сси йæ фыццаг ахуыргæнджытæй иу. Мысы йæ разамындæй æппæты ахсджиагдæр хъуыддæгтыл куыд сахуыр ис, уый.

Йе ‘мкусджытæй алкæйы дæр нымайы, стыр аргъ сын кæны, сæ хъуыдытæм йæ хъус æрдары. Ирбег æй фидарæй зоны, цыфæнды зонындзинæдтимæ дæр дæ фарсмæ хорз æххуысгæнджытæ куы нæ уа, уæд ницы бакæндзынæ. Хиуылхæцт, быхсондзинад, профессионалон цæстдард æппæт ацы æууæлтæй аразгæ у æнтыстджын куыст, уый у йæ нысатуан йæ цард ацы дæсныйадимæ сбæттын кæй фæнды, уыдонæн. Нæлгоймаг ма у бинонты хистæр, куысты фæстæ йын удæнцой хæссынц йæ кæстæртæ.

Ирбек Воскобойников æрмæст фæлтæрдджын специалист нæу, у стыр зæрдæйы хицау. Нымад у Советон Цæдисы æмæ Уæрæсейы кадджын донорыл. Цард аирвæзын кæнынæн туг радта 75 хатты. Куыстмæ уарзондзинады, дæсныдзинады æмæ зæрдæхæлардзинады тыххæй у кады аккаг. Ацы бон хуыздæр дохтыр анестезиолог-реаниматологæн стыр аргъ кæнынц йæ æмкусджытæ æмæ хæлæрттæ.

 

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
13.12.2025 I Традиции веры
13.12.2025
Великая трагедия Алании I Ход истории
12.12.2025
УФ-йы фысджыты Цæдисы æмбырд æмæ Мæхæмæтты Ахуырбеджы мысгæйæ I Йæ рæстæгыл
12.12.2025
Наукӕ ӕмӕ хъӕууон хӕдзарад I Хæдзарадон
12.12.2025
Зимние виды спорта I Доброе утро, Осетия!
12.12.2025
11.12.2025 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
11.12.2025
Георгий Гурциев и Сармат Цакоев | Передача
10.12.2025
Батраз Муриев | Дело мастера
10.12.2025
Домашние животные I Доброе утро, Осетия!
10.12.2025
Ӕгъдау. Йӕ бындур ӕмӕ фидӕн | Бæрнон ныхас
9.12.2025
Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, ирон æвзаджы ахуыргæнджыты съезд æмæ фæсивæды æнтыстдзинæдтæ | Йæ рæстæгыл
9.12.2025
Телемедицина | Разбор полетов
9.12.2025
09.12.2025 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
9.12.2025
Повышение НДС, конкурс-фестиваль «Праздник джаза», Рождественский пост | Самое время
8.12.2025
Белорусси | Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ
6.12.2025
Все рекомендуемое