Райсом республикæйы сбæрæг кæндзысты æнæнхъæлæджы уавæртæм цæттæдзинад. 3-æм мартъийы 10 сахаты æмæ 40 минутыл зæлты руаджы цæрджытæн 5 минуты дæргъы хъусын кæндзысты бæллæхы тыххæй.
Уæ зæрдыл бадарут, уыдон сты ахуыргæнæн мадзæлттæ æмæ сæ тæрсын нæ хъæуы. Республикæйы алы ран дæр скусын кæндзысты сиренæтæ æмæ хъæрæй дзурæнтæ. Уый фæстæ федералон телеуынынады æмæ радиойы каналты эфирты фæзындзæн информацион хъусынгæнинаг, техникон цæттæдзинад кæй бæрæг кæнынц, уый тыххæй.
Æнæнхъæлæджы цауты министрады цæрджытæм сиды, цæмæй сиренæйы зæлтæй ма фæтæрсой.