Абон царды ног къæпхæнмæ рæсугъд къахдзæф акодтой Дзæуджыхъæуы 37-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ. Сæ хъомылгæнджытимæ сæхи тынг бæстонæй бацæттæ кодтой. Бæрæрæгбоны сæм ныффидар сæрмагонд фæтк — рæвдауæндоны кæрты рауагъдонтæ сæ ныййарджытимæ ныссадзынц бæлас. Ацы хатт – магнолийы тала. Уый куыд ног царды нысан, афтæ.
Сæ фыццаг ахсджиаг цауы сабитæ архайынц зæрдæргъæвдæй. Арфæ сын кæны кæстæр къорд дæр. Сабитæ тыхсынц, фæлæ сæ фарсмæ сæ уарзон хъомылгæнджытæ. Уыдон сын амонынц, куыд хуыздæр архайой, уый. Æмдзæвгæтæ, зарджытæ æмæ ма бæрæгбоны фæдыл сæрмагонд спектакль. Сывæллæттæ сæхи цæттæ кодтой мæйы бæрц.
Фондз азы дæргъы хъомылгæнджытæ, логопедтæ æмæ сабиты æмархайд. Æрвылбон ахуыртæ цæуынц нысангонд фæткмæ гæсгæ. Сабитæ ахуыр кодтой нымайын, ныв кæнын, зарын æмæ кафын. Цæмæй абон равдисой, сæ арæхстдзинад.
Уымæй уæлдай ма, рæвдауæндоны ис йæхи æгъдæуттæ. Рауагъдонты къорд хъуамæ æнæмæнг ныссадза бæлас. Ацы хатт равзæрстой магнолийы тала. Куыд царды ног къæпхæны нысан, афтӕ.
Сывæллæтты 37-æм рæвдауæндон рауагъта 50 хъомылгæнинаджы. Цин æмӕ зæрдæйы æрхæндæг сиу сты. Разæй сабитæм æнхъæлмæ кæсы цымыдисаг къæпхæн — скъола.
Лидия Цахилова