4-æм поликлиникæйы кусджытæн сæйрагдæр у сæ пациенттыл узæлд. Лæмбынæг кæсынц, цы процедурæтæ цæуынц, уыдонмæ. Бæрæг сын се ‘нæниздзинады уавæр. Боныгоны стационар куыстуаты бындурыл ис 30 азы дæргъы. Æмæ æрмæст ацы аз хъæугæ æххуыс райстой мин адæймагæй фылдæр.
Стационары ис 26 бынаты, уыдонæй 10 — неврологон низтимæ пациенттæн, 8 — зæрдæйы, ноджы ма 8 та — терапевтон профилимæ. Цæрджыты исынц райсомы 9 сахатæй изæры 5 сахаты онг. Куыст арæзт у 3 фæлтæрæй. Æххуысы фæдыл фæсидын у æнцон процедурæ. Уый тыххæй хъæуы æрмæст дохтырæй гæххæт райсын. Амбулаторийы æркæсынц адæймагмæ, бахæссынц хъæугæ бæрæггæнæнтæ, снысан кæнынц дзæбæхгæнæн мадзæлттæ.
Æмæ ахæм хъуыдыйыл хæст сты æппæт пациенттæ. Иууылæдæр æнкъарынц дохтырты хæлар ахаст.
Боныгон стационары руаджы ис хъæугæ æххуыс райсæн. Æнцонвадат æмæ зæрдæмæдзæугæ уавæрты, æрвылюоны хъуыддæгтæй ма фæиппæрд уæвгæйæ.
















