preloader
сейчас в эфире
16:35
ВКУС ГРАНАТА 16+
Смотрите Далее
17:10
СУДЗАГ ÆВЗАГ 12+
17:30
ТАКТИКА 12+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
ДИГОРИЯ. ТЕРРИТОРИЯ НАРТОВ 12+
18:30
ГОМ УРОК 12+
ТВ ПРОГРАММА
ВКУС ГРАНАТА 16+
close

80 азы хъуамæ сæххæст уыдаид ацы бон Джыккайты Шамилыл

25.02.2020 21:30

Фыссæг, поэт, ирон литературæ иртасæг, профессор æмæ æхсæнадон архайæг.

80 азы хъуамæ сæххæст уыдаид ацы бон Джыккайты Шамилыл. Фыссæг, поэт, ирон литературæ иртасæг, профессор æмæ æхсæнадон архайæг. Йæ наукон æмбырдгондтæ, ирон историимæ баст уацтæ абон дæр сты ахсджиаг йæ фæдонтæн. Шамил канд поэт нæ, фæлæ ма уыд драматург, прозаик, литературæиртасæг æмæ тæлмацгæнæг. Йæ уацты, æмæ йе ’мдзæвгæты Шамил зæрдæрыстæй дзырдта адæмы уæззау уавæрыл. Йæхи царды хъысмæт дæр ахæм уыд. Йæ кадæн, Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты сарæзтой мысæн мадзал. Джыккайты Шамилы æвидигæ аивадон фæрæзтæ æмæ авналæнты тыххæй нæ уацхæсджыты æрмæджы.


Адæмæн йæ цард чи снывонд кодта, уый рох никуы уыдзæн. Ирыстоны Джыккайты Шамилы зонынц куырыхон зондамонæгæй, ирон адæмы хъысмæтыл чи хъуыды кодта, йæ уацмысты æмæ йе ’мдзæвгæты зæрдæрыстæй чи дзырдта адæмы уæззау уавæрыл, ахæм адæймагæй. Ирон филологийы декан уæвгæйæ, удуæлдайæ архайдта, цæмæй ахуыргæнинæгтæ цымыдисæй æмæ зæрдæрайгæйæ ахуыр кæной.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты чиныгдоны кадджын уавæры сбæрæг кодтой Джыккайты Шамилы 80 азы . Поэты рухс ном æрымысынмæ æрбацыдысты ирон интеллигенцийы минæвæрттæ, ахуыргæндтæ, хæлæрттæ æмæ хæстæджытæ. Йæ рауагъдонтæ Джыккайты Шамилы рухс ном рох нæ кæнынц. Æрымысынц æй æдзух. Йæ фæстæ цы фæд ныууагъта, уый æрыгон фæлтæрæн баззад фæзминагæй.

Бигъуылаты Людмилæ æрымысыд 1974 азы ирон филологийы факультеты ахуырады азтæ. Куыд зæгъы, афтæмæй æппæт мадзæлтты дæр архæйдтой. Ирон филологийы факультеты ахуырдзаутæ кæй сты, уый сын лæвæрдта сæрыстырдзинад.

Шамиль канд поэт нæ уыд, фæлæ ма уыд драматург, литературæиртасæг, тæлмацгæнæг. Йæ пьесæтæ «Хъодыгонд зæд» æмæ «Цомахъ» æвæрд æрцыдысты Ирон театры сценæйы. Ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Шекспиры драмæ «Къарол лир», Сафоклы – «Эдип – паддзах», Эдмон Ростаны – «Сирано де Бержерак», стæй Михаил Лермонтов, Фридрих Шиллер æмæ Роберт Бернсы æмдзæвгæтæ. Поэты уацтæ арæх бакæсæн ис Ирыстоны журналтæ æмæ газетты. Газет «Рæстдзинад»-ы кусджытæ бацæттæ кодтой Джыккайты Шамилы биографион чиныг.

Джыккайты Шамиль уыд наукон-критикон æмбырдгæндты æмæ монографиты автор.Уыд адæмæн – уарзон, куырыхон разамонæг, йæ цард адæмæн чи снывонд кодта, ахæм адæймаг. Кæд 9 азы рацыд, уæддæр ирон адæмы зæрдæтæй нæ цух кæны поэты фæлгонц. Литературон журнал «Мах дуг»-ы кусджытæ сæрмагондæй дыккаг номыры рауаддзысты, Джыккайты Шамилы æмдзæвгæтæй мыхуыргонд чи нæма уыд, уыдон.

Джыккайты Шамилы номыл ис уынг Дзæуджыхъæуы, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты филологон факультеты гом у аудитори, Михайловскы та культурæйы хæдзар. Ацы æппæт хъуыддæгтæ сты тынг ахсджиаг, уымæн æмæ поэты ном цалынмæ адæмы зæрдæты цæра, уæдмæ нæ мæлы. Йæ ном æнусмæ баззайы уæлæуыл.

Айларты Эмилия

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Интервью с Главой РСО-Алания Сергеем Ивановичем Меняйло
22.04.2024
День книг, День нотариата и музыкальный онлайн-марафон
22.04.2024
Хъулаты Андрей
22.04.2024
Олег Хамоков
22.04.2024
Alania Fashion Day
21.04.2024
В итоге: 21 итоге
21.04.2024
Профессия
21.04.2024
Хамство
21.04.2024
Маргиевы
20.04.2024
«Хонк-фест». Художник Руслан Тхазапдижев. Музей-заповедник Лермонтова
20.04.2024
Учителя школы-интерната во Владикавказе
20.04.2024
Адæмон фронты куыст, ног хиирхæфсæн мадзал æмæ Турчы цæрæг ирæттæ Ирыстоны
19.04.2024
Социалон контракттæ æмæ уалдзыгон куыстытæ
19.04.2024
Об «Алании» с футбольным экспертом Роландом Курбановым
18.04.2024
МИРоощущение: 18 апреля
18.04.2024
Все рекомендуемое