Бæстæйы æппæт регионты дæр абон радыйдтой Паддзахадон думæйы 8 æмбырдмæ депутатты æвзæрстытæ. Цæгат Ирыстоны байгом 335 æвзарæн хайады, 10 территориалон æмæ 23 та рæстæйгмæйы хайæдтæ.
3 боны дæргъы кусдзысты райсомы 8 сахатӕй изӕры 8 сахаты онг. Паддзахадон думæмæ депутаттæм кандидаттыл схъæлæс кæнæн уыдзæн 17-æмӕй 19-æм сентябры онг. Уыимæ ма цæрджытæ взардзысты муниципалитетты разамонджыты, стæй хъæуты сæргълæуджыты.
Коронавирусы пандемйæйы аххосæй ӕвзӕрстытӕ цӕудзысты 3 боны. Алы æвзарæн хайады дæр æххæстгонд цæуынц æппæт санитарон-эпидемиологон домæнтæ. Æвзæрстыты цыдмæ лæмбынæгæй кæсынц цæстдарджытæ ӕмӕ æхсæнадон архайджытæ. Æдæппæтæй сæ нымæц у 4 минмæ ввахс. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ алы æвзарæн хайады дæр ис видеоцæстдард. Мониторинг цæудзæн 3 суткæйы дæргъы æнæ ‘рлæугæйæ.
Уымæй уæлдай ма Дзæуджыхъæуы йæ куыст райдыдта республикæйы центрон æвзарæн къамисы пресс-центр. Цæгат Ирыстоны центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ журналисттæн бакаст сæрмагонд доклад. Бæстонæй радзырдта æртæ боны дæргъы республикæйы æвзæрстытæ цы фæткмæ гæсгæ цæудзысты, уый тыххæй. Уыимæ ма сын равдыста видеоцæстдарды системæйы куыст дæр.