preloader
сейчас в эфире
06:24
+
Смотрите Далее
+
ТВ ПРОГРАММА
+
close

Абон Ирыстон фæстаг фæндараст зæгъы Мæхæмæтты Ахуырбегæн

9.12.2025 14:20

Мæхæмæтты Ахуырбег ныффыста 300 наукон куыстæй фылдæр. 12 монографийы, очерктæ, радзырдтæ. Стыр æвæрæн бахаста республикæйы ахуырады къабазы рæзтмæ. Йæ цардæй ахицæн 7-æм декабры. Цыдис ыл 89 азы. Йæ фæстæ ныууагъта рæсугъд фæд.

Абон Ирыстон фæстаг фæндараст зæгъы Мæхæмæтты Ахуырбегæн. Бирæ зонындзинæдтæ æмæ профессионалон фæлтæрддзинады хицау. Фидар удыхъæд æмæ стыр зæрдæимæ адæймаг. Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетæн разамынд лæвæрдта бæстæйæн тæккæ уæззаудæр рæстæг. Æхсæрдæс азы студенттæн уыд куырыхон раздзог, дардта сæм хорз ахаст æмæ йын уыдон дæр кодтой стыр аргъ. Ахуыргонд, политик, Уæрæсейы наукæйы сгуыхт архайæг. Йæ куыстыты тыххæй хорзæхгонд æрцыд паддзахадон хæрзиуджытæй. Йæ фæстæ æнустæм ныууагъта рæсугъд фæд.


Алкæддæр хъуыды кодта нæ фæсивæдыл, уырныдта йæ Ирыстонæн стыр фидæн кæй ис, уый. Афтæ мысынц Мæхæмæтты Ахуырбеджы йе ‘мкусджытæ æмæ хæлæрттæ. 16 азы разамынд лæвæртта Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетæн. Ахуыргæнæндоны ректор сси бæстæйæн уæззау рæстæг. 90-æм азтæ стыр фæд ныууагътой йæ куысты. Кæстæр фæлтæры рæдыдтытæй бахизын, сæвæрын сæ раст фæндагыл. Уыцы хъуыддаг нымадта йæ сæйрагдæр хæсыл. Бахъуаджы рæстæг цæттæ уыд адæймаджы фарсмæ балæууынмæ, искæй рис фæрогдæр кæнынмæ.

Мæхæмæтты Ахуырбегæн кад кодта алы адæймаг дæр. Удуæлдай æмæ иузæрдион. Йæ кусгæ бон иу райдыдта 8 сахаты æмæ 45 минутыл æмæ, уыцы фæтк никуы хæлдта. Дисциплинæмæ разæнгард кодта кæстæрты дæр. 1958-æм азы каст фæцис Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты историон-филологон факультет, уый фæстæ лæггад кодта нæ республикæйы рауагъдадты. Дарддæр фæстæмæ раздæхт йæ райгуырæн университетмæ, ам разамынд лæвæрдта наукон коммунизм æмæ политологийы кафедрæйæн. Бады Зауырбеджы ныхæстæм гæсгæ, Мæхæмæтты Ахуырбегимæ базонгæ 1982-æм азы. Хæлар ахастдзинæдтæ сын фæзынд цыбыр рæстæгмæ. Иумæ фæллой кодтой, хызтысты зындзинæдты сæрты.

Сыгъдæгзæрдæ, иузæрдион æмæ рæстуд адæймаг. Мæхæмæтты Ахуырбег бирæтæн канд ахуыргæнæг не сси, фæлæ æцæг разамонæг. ЦИПУ-йы ныры ректор Огъуаты Алан æй хъуыды кæны куыд куырыхон хистæр, алыхуызон фарстаты фæкæсынмæ цæттæ. Йæ фæлтæрдздинад æмæ зонындзинæдтæ не ‘вгъау кодта кæстæртæн. Йæ разамындæй бирæтæ бахъахъхъæдтой сæ диссертацитæ æмæ кандидатон куыстытæ. Йе ‘руаджы байгом кодтой ног факультеттæ æмæ здæхтытæ.

Йæ зæрдæйы алкæмæн дæр бынат уыд, зæгъы Огъуаты Алан. Никæй хъулон кодта, се ‘ппæты дæр уарзта æмхуызон, æххуыс сын кодта. Ахуырбег уыд Цæгат Ирыстоны парламенты фондз расидты депутат. Архайдта республикæйы алывæрсыг райрæзтыл. Дардмæуынæг политик æмæ хуымæтæг адæймаг. Хорзæхджын æрцыд бирæ хæрзиуджытæй. Се ‘хсæн Кады æмæ Хæлардзинады ордентæ, Фæллойы Сырх Тырысайы орден.

Мæхæмæтты Ахуырбег ныффыста 300 наукон куыстæй фылдæр. 12 монографийы, очерктæ, радзырдтæ. Стыр æвæрæн бахаста республикæйы ахуырады къабазы рæзтмæ. Йæ цардæй ахицæн 7-æм декабры. Цыдис ыл 89 азы. Йæ фæстæ ныууагъта рæсугъд фæд.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
Дмитрий Тихомиров | Все в сад!
7.02.2026
Дети орлиного племени I Гвардия
7.02.2026
07.02.2026 | Традиции веры
7.02.2026
Коммуналон лæггæдты хæрзхъæддзинад æмæ РЦИ-Аланийы адæмон инструментты оркестр
6.02.2026
06.02.2026 I Доброе утро, Осетия!
6.02.2026
Деревянное домостроение I Бизнес сфера
5.02.2026
Незаконная врезка газа, гастротуризм и ремонт мостов I Самое время
5.02.2026
05. 02. 2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
5.02.2026
Марина Козырева I Дело мастера
4.02.2026
04.02.2026 | Национальные интересы
4.02.2026
День хорошего настроения I Доброе утро, Осетия!
4.02.2026
Транспорты куыст, журнал «Мах дуг»-ы преми æмæ дзырды фарн | Йæ рæстæгыл
3.02.2026
Будущее высшего образования I Разбор полетов
3.02.2026
03. 02. 2026 I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
3.02.2026
Фæрдгуытæ I 02.02.2026
2.02.2026
Все рекомендуемое