preloader
сейчас в эфире
16:02
НОВОСТИ 12+
Смотрите Далее
16:15
ЖЕСТОКИЙ СТАМБУЛ 16+
17:45
ХЪУСЫНГÆНИНÆГТÆ 12+
17:50
НЕЗАМЕНИМЫЕ 12+
18:10
ЦЫРАГЪДАР. ТОТРАТЫ БЕСА 12+
19:00
ХАБÆРТТÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
НОВОСТИ 12+
close

Адæмон сфæлдыстады хæдзары ацыд УФ-йы аивæдты сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстоны адæмон артист Уарзиаты Хадзысмелы мысæн изæр

27.03.2023 13:48

Уарзиаты Хадзысмелы ном цæры, культурæимæ баст чи у æмæ сфæлдыстад чи уарзы, уыдоны зæрдæты. Йæ фæстæ цы фæлтæртæ бахъомыл, уыдонæн та у дæнцæджы хуызæн: йæ цардæй, йæ куыстæй, йе сфæлдыстадæй æмæ йæ райгуырæн зæхмæ уарзондзинадæй.

Уарзиаты Хадзысмелы ном фехъусгæйæ, аивадуарзджыты зæрдæты уайтагъд æрлæууы хæрзконд саулагъз лæппу. Кафджытæ æмæ артисттæ та æрхъуыды кæндзысты, курдиатджын хореограф цы кæфтытæ сæвæрдта, уыдон. Абон нымад сты классикæйыл. Фарныхъæуккаг лæппу фарнимæ цыд йæ цардвæндагыл. Адæмæн хаста цин æмæ уарзондзинад. Æгæронæй уарзта аивад. Йæ алы нуар дæр кафты æвзагæй кæмæн дзырдта, Уæрæсейы Федерацийы аивæдты сгуыхт архайæг, Цæгат Ирыстоны адæмон артист. Уарзиаты Хадзысмелы райгуырдыл ацы аз сæххæст 85 азы. Нæ курдиатджын æмзæххоны æрхъуыды кодтой Адæмон сфæлдыстады хæдзары.


Нæ бацауæрста æрдз йæ уынд æмæ кондыл, йæ курдиат æмæ уды уæрæхадыл, æнæкæрон куыстхъомдзинад æмæ дæсныйады арæхстдзинадыл. Уарзиаты Хадзысмел æнæкæрон уарзтæй уарзта йæ гыццыл иумæйаг Ирыстон, æвæллайгæ лæггад ын кодта йæ аивадæн. Йе сфæлдыстадон авналæнты гуырæныл та нымадта хохаг уæздан æгъдау. Йæ мысæн изæр ын республикæйы аивадон къордтæ срæсугъд кодтой, йæхæдæг цы кæфтытыл бакуыста, уыдонæй.

Мысæн изæрмæ æрбамбырд сты, Уарзиаты Хадзысмелы чи зыдта æмæ уарзта, йæхицæн æрдхорд æмæ æввахс адæймагыл кæй нымадта, йемæ кусыны стыр амонд хъысмæт кæмæн балæвар кодта, уыдон. Се ‘хсæн паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы ветерантæ.

Уарзиаты Хаджысмелы сфæлдфстадон биографийы ахсджиаг бынат бацахста Адæмон сфæлдыстады хæдзары директорæй куыст. Ам дæр аивадæн фæлæггад кодта 20 азæй фылдæр. Уыцы рæстæгмæ фæзындысты диссаджы фестивальтæ. Йæ фæрцы хъахъхъæд æмæ æвæрд æрцыдысты бирæ ирон кæфтытæ. Се ‘хсæн «Сой», «Чызджыты кафт», «Лæгæй-лæгмæ хæст», «Мад», «Хонгæ кафт», «Симд» æмæ бирæ æндæртæ.

Хадзысмел райгуырд Фарныхъæуы. Йæ бæгъмвад сабидуг кæм арвыста, уыцы бынат ын æппæты зынаргъдæр уыд. Зæххы къорийыл цы фарн тыдта, уый дæр уырдыгæй рахаста. Сæ кадджын æмхъæуккаджы мысæн изæрмæ æрцыдысты Фарныхъæуы минæвæрттæ дæр.

Хадзысмел йæхæдæг куыд дзырдта, афтæмæй фондзаздзыдæй райдыдта хъæубæсты хъазтизæртæм цæуын. Фæндыр-иу куы аивæзтой, уæд-иу йæ миддуне иннæрдæм рафæлдæхт, уыйбæрц æнкъарæнтæ йæм æвзæрын кодтой ирон зæлтæ. Йæ бон уыцы кары уыд хъазты ракафын. 1964-æм 1969-æм азты райста профессионалон ахуырад Мæскуыйы паддзахадон театралон аивады институты. Фæстаг курсы ма ахуыр кодта, афтæмæй нысангонд æрцыд ансамбль “Алан”-ы аивадон разамонæг æмæ балетмейстерæй. Йæ уарзон хъæубæстæ хистæрæ кæстæрмæ Хадзысмелæй сæрæстыр сты.

Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ сабидуг кæмæй байста, уыцы фæлтæрæй уыд Уарзиаты Хадзысмел. Фæцу æмæ мауал æрцуйы фæндагыл чи ацыд, уыдоны ‘хсæн уыд йæ фыд дæр. Йæ ныййарæг, рыст сидзæргæс иу йæ зынвадатæй йæ хъуырмæ куы сси, уæд йæхинымæр зарын райдыдта “Гогызы кафт”-ы мелоди. Йæ хъæлæсы ахорæнтæй иу æвиппайд бамбæрста йæ ныййарæджы зæрдæйы уаг гыццыл Хасмел. Фæстæдæр ацы зæлтæ систы бындур йæ номдзыд композици «Сой»-æн.

Йæ фæрцы «кафт æмæ зард»-ы ансамбль сси «адæмон кафт»-ы ансамбль. Зарæггæнджыты къорд фæкъаддæр кæнгæйæ йын бантыст кафджыты коллективтæ æмæ музыкантты нымæц фæфылдæр кæнын. Хаджысмелæн иу, йæ ансамблимæ, дунейы бæстæты сарæзтой къухæмдзæгъд. Бындур сæвæрдта балеты скъолайæн. 1968-æм азы паддзахадон ансамль «Алан»-ы аивадон разамонæг куы ссис, уæд сног кодта ансамблы программæ. Бахаста йæм бирæ ног кæфтытæ æмæ сæ адих кодта жанртæм гæсгæ. Уæдæ æнæзонгæ нæу, «Алан» дæр æй уый хъæппæрисæй кæй схуыдтой. Уарзиаты Хадзысмелы разамындæй 1988-æм азы «Алан» хорзæхджынгонд æрцыд Адæмыхæттыты хæлардзинады Орденæй. Уарзиаты Хадзысмелы ном цæры, культурæимæ баст чи у æмæ сфæлдыстад чи уарзы, уыдоны зæрдæты. Йæ фæстæ цы фæлтæртæ бахъомыл, уыдонæн та у дæнцæджы хуызæн: йæ цардæй, йæ куыстæй, йе сфæлдыстадæй æмæ йæ райгуырæн зæхмæ уарзондзинадæй.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
«Ученик года», перевод сурдо языка, «Час земли» и лечение за рубежом
28.03.2024
О погибшем в зоне СВО бойце Аслане Дзантиеве, о Герое Советского Союза Алексее Остаеве, об учениях сотрудников Росгвардии и эксплуатации боевого оружия
28.03.2024
О капитальном ремонте, о нововведениях в сфере ЖКХ и о системе благоустройства общественных территорий
28.03.2024
Интервью с чемпионом по боксу Аланом Хугаевым
27.03.2024
Выбери жизнь
27.03.2024
Руслан Джусоев
27.03.2024
Ставд-Дурта
26.03.2024
Сабырдзинад, туризмы райрæзт æмæ «хурдзаст» сывæллæттимæ куыст
26.03.2024
Цхуырбаты Зарӕ
26.03.2024
Æмбалты Зауырбег
25.03.2024
Къуымæллæггаты Розæ
25.03.2024
Теракт в «Крокус Сити Холле»
25.03.2024
Давид Найфонов
25.03.2024
Канатовы
24.03.2024
В итоге: 24 марта
24.03.2024
Все рекомендуемое