Ирвæзынгæнджытæ сæхи уалдзыгон тæссаг уавæртæм цæттæ кæнынц. Ацафон цæугæдæттæ арæх раивылынц, стæй æрцæуы æрдзон зынгсирвæзтытæ дæр. Фыдбылыз ма ‘руадзыны тыххæй сæрмагонд ахуыртæ цæуынц æппынæдзух. Сæ иу бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд.
Тæвд боныхъæды аххосæй уыцы иу рæстæг цалдæр ран хус кæрдæг ссыгъд. Цыбыр рæстæгмæ арт егъау фæзуатыл апарахат. Сæвзæрд уавæрты цæст ницыуал февзары, стæй улæфт дæр æхгæнын райдайы. Фæлæ ирвæзынгæнджытæ æвæстиатæй æрбацыдысты æмæ сæм æппæт хъæугæ гæрзтæ дæр ис.
Ахуыртæ аразгæйæ бацархайдтой, цæмæй æрымысгæ цаутæ уой, æцæг цы уавæртæ сæвзæры, уыдоны хуызæн. Ныртæккæ сæйгагдæр у, цæмæй цæрæнуæттæ хъыгдæрд ма баййафой. Фыццаг уал зынгвæдисонтæ архайынц, цæмæй арт мауал парахат кæна, дарддæр æй хуыссын кæнын райдайынц. Цæмæй хъуыддаг къухы бафта, уый тыххæй ирвæзынгæнджытæ æппынæдзух кæнынц сæрмагонд фæлтæрæнтæ. Сæ архайд дæр алы лысæгдзинады онг нывылгонд уымæн у. Хъыгдард баййафджыты æдас ранмæ ракодтой. Ныр семæ кусынц дохтыртæ. Зынгсирвæзт æмæ донивылды рæстæг куыд хъæуы архайын, уыцы фæлтæрддзинадыл ирвæзынгæнджытæ куыстой дыууæ боны дæргъы. Мадзалы бацархайдтой 1000 адæймагæй фылдæр æмæ техникæйы 250 иуæджы. Бæрнады разамынд хатдзæгтæй разыйæ баззад. Нысангонд хæстæ æххæстгонд æрцыдысты. Ахæм ахуыртæ республикæйы саразынц æрвылаз.