Æнæниз царды уаг апарахат кæныны фæлгæты Дзæуджыхъæуы сарæзтой æвзæр миниуджытимæ тох кæныны акци. Акци сарæзтой Социалон лæггæдты центры. Лабораторийы боны æмгъуыдмæ сбæрæг кæнæн уыд туджы æлхъыдад сбарын, туджы сæкæры бæрц сбæрæг кæнын.
Специалисттæ куыд зæгъынц ахæм иртæстытæ руаджы ис низ рагацау базонæн цæмæй æвзæр фæстиуджытæм ма расайа. Акцийы архаджытæн радзырдтой тамако дымын адæймагæн цы зиан хæссы уый тыххæй, уымæй уæлдай ма сын æмбарын кодтой æнæниздзинад куыд бахъахъхъæнын хъæуы уый дæр. Ахæм акцитæ араздзысты Дзæуджыхъæуы æхсæнадон бынæтты. Зæгъæм базарадон центрты.
















