Æрæфы районы бюджеты хъалонтæй конд æмæ æндæр хуызты æфтиæгтæ 115 проценты бæрц фæфылдæр сты 2019 азимæ абаргæйæ. Фæрæзтæ систы 14 милуан сомы. Уый бантыст хъæууон-хæдзарадон зæххыты хаццоны руаджы. Районы социалон æмæ экономикон рæзты бæрæггæнæнтыл æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны муниципалон скондты советы æмбырды.
Уыимæ ма, æрдзырдтой район 2020 азы цы къуылымпытимæ сæмбæлд, ууыл. Райхалинаг фарстаты ‘хсæн – районы социалон æмæ культурон объектты хъахъхъæд тероризмы ныхмæ. Хъуыддагмæ бæрнонæй æркæсынæн совет бафыста бадзырд æнæнхъæлæджы уавæрты министрады республикæйы сæйраг управлениимæ. Советы уæнгтæ ма æргом раздæхтой æфсадмæ расидты къамисты куыстмæ, стæй 19 сентябры Паддзахадон Думæмæ æвзæрстытæм цæттæгæнæн мадзæлттæм.