Цæгат Ирыстоны культурон объектты цалцæггæнæн куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты.
Сæ иу – Æрыдоны культурæйы галуан. Сарæзтой йæ 1905 азы. Уæдæй абонмæ бындуронæй цалцæггонд нæ уыд. Куыстытæ æххæст кæнын райдыдтой программæ «Цæгат Ирыстоны культурæйы райрæзт»-ы фæлгæты. Арæзтадæн рахай кодтой 15 милуан сомæй фылдæр. Объекты æрвылбон кусы 15 адæймаджы. Куыстытæ райдыдтой мæй размæ.
Кусджыты ныхæстæм гæсгæ, сæйрагдæр у, цæмæй æддаг бакастæй йæ рагон хуыз бахъахъхъæнын. Куыд ма фæнысан кодтой, афтæмæй проектмæ гæсгæ бакусдзысты объекты алфамблайы цъæхфæлыстыл. Æдæппæттæй объекты фæзуат у 500 квадратон метры.















