Туристтæ, Ирыстон мысгæйæ, сæ зæрдыл бадарынц канд нæ хæхтæ æмæ алæмæты æрдз нæ, фæлæ ма ирон хæринæгтæ дæр. Чъиритæ кæнæ цыхтæй чи ацаходы, уымæй никуыуал ферох вæййы, цы диссаджы хæрзад сты, уый. Ныр нæм уазæгуаты æрцæугæйæ, сæхи бон суыдзæн, зæгъæм, царв скæнын кæнæ цыхт бацахсын. Ахæм фадæттæ туризмы хъомысæн сæ ног фермæйы аразы агрохолдинг «Мастер Прайм. Березка». Ам алкæмæн дæр йæ бон суыдзæн йæхи фермеры куысты бафæлварын. Хъæууон хæдзарадон къабаз дисы кæй æфтауы, уыдон та гыццыл не сты. «Березка» сæ йæ хæдзарадмæ арæх æрбахоны. Æрбацæуынц сабитæ дæр. Радон экскурси рæстæг «Мастер Прайм. Березка»-йы фермæ бабæрæг кодта нæ уацхæссæг Дзæдзойты Фатимæ дæр.
Ацы родтыл цæуы цалдæргай бонтæ. Уый тыххæй сын сæ хæрдмæ ам уæлдай лæмбынæг кæсынц. Нырма сын дарынц æрмæст æхсыр. Фæлæ, æнæмæнг, нысангонд фæткмæ гæсгæ æмæ сæрмагонд ифтонггæрзтæй пайда кæнгæйæ.
Сывæллæттæ цымыдисæй кастысты, хæдзарады куыст куыд цæуы, уымæ. Раст цыма сæхи фермертæй банкъардтой, уыйау рауай-бауай кодтой фосдарæн кæрты. Алкæйдæр сæ фæндыд исты куыст бакæнын.
Ацы родтæн та сæ холлæгтæ æмæ бынæттæ дæр æндæрхуызон сты. Æхсырæй уæлдай сын дæттынц хус холлаг æмæ хос дæр, уымæн æмæ сыл ныридæгæн цæуы мæйы бæрц. Сабитæм цы бирæ фарстатæ фæзынди, уыдонæн æхсызгонæй дзуапп дæттынц сæ ныййарджытæ.
Агропромышленнон холдинг «Мастер-Прайм. Березка»-йы ахæм экскурситæ сывæллæттæн арæх саразынц. Сабитæ алы хатт дæр сæхицæн бирæ ног зонындзинæдтæ райсынц. Уæдæ иу хатт цы саби æрзилы ацы кæртыл, уый æнæмæнг æрбаздæхы. Абон, зæгъæм, базыдтой фермæйы кæй ис æрмæст францаг мыггаджы стуртæ. Суткæмæ дæттынц 30-гай литры æхсыр æмæ сын иттæг бæззон у цыхт ахсынæн.
«Мастер-Прайм. Березка» Цæгат Ирыстоны фыццаг куыстуат у, æхсыры куыст чи кæны. Хи хойрагæй райдай æмæ хæрзхъæд æхсырæй конд продукцийæ фæуы. Йæ хæринæгтæ парахат кæны республикæйы 10 сæрмагонд дуканийы. Куыстуат æхсырæй кæны 48 продукты. Ныр та райдыдтой архайын агротуризмыл. Ныртæккæ аразынц ног фермæ. Уым уыдзæн æппæт гæнæнтæ, цæмæй алчидæр æрбацæуа æмæ йæхи хъæууон-хæдзарадон куысты бафæлвара.
Ног фермæ-иу чи бабæрæг кæна, уый сахуыр кæндзысты æхсырæй хæринæгтæ цæттæ кæнын. Афтæмæй йæхи бон суыдзæн цыхт бацахсын дæр. Науæд та нæлхæ кæнæ къæдор скæнын. Уый фæстæ сæхимæ фынгыл æрæвæрдзæн йæхи конд продукци.