preloader
сейчас в эфире
21:51
ТОЛЬКО ФУТБОЛ 12+
Смотрите Далее
22:00
ПАУК 16+
23:05
ЗАГАДКИ ЦИВИЛИЗАЦИИ. РУССКАЯ ВЕРСИЯ 16+
ТВ ПРОГРАММА
ТОЛЬКО ФУТБОЛ 12+
close

Агрономтæ пайда кæнынц хъæууон-хæдзарадон грантæй

3.08.2021 20:26

Афæдз дæргъы фæкодтой удуæлдай куыст. Ацы аз æмбырд кæнынц фыццаг тыллæг.

Хъæууон-хæдзарадон гранты руаджы зæхкусджытæ сарæзтой хъæрмуæттæ. Афæдз дæргъы фæкодтой удуæлдай куыст. Ацы аз æмбырд кæнынц фыццаг тыллæг. Ныртæккæ сæ хъæрмуæтты зайы æрмæст пъæмидортæ. Фидæны хъавынц халсарты нымæц фæфылдæр кæнын.


Бязырты Хъазыбег йæ хъæрмуаты цал халы зайы, уый дæр зоны. Æрывылбон сæм зилы йæхæдæг. Уæдæ уайтагъд раиртасдзæн æппæты хæрзаддæр пъæмидортæ дæр. Хъæрмуат саразыны хъуыды йæм фæзынд афæдз размæ. Йæ Сæйрагдæр ын уыд, цæмæй халсартæ экологон æгъдауæй уой сыгъдæг. Алы бон дæр æрæмбырд кæны хъæздыг тыллæг.

Сунжæйы хъæуы хъæрмуат нымад у Горæтгæрон районы æппæты стырдæрыл. Хъазыбег æмæ йе ‘рвад Рубайты Эльбрус рамбылдтой хъæууон хæдзарадон грант. Сарæзтой дыууæ хъæрмуаты. Ныссагътой дзы пъæмидортæ. Ууыл æрлæуынмæ нæ хъавынц. Ныртæккæ агурынц зæххы хай, фæнд дзы кæнынц джитритæ æмæ лыстæг хуымтæ ныссадзын. Дзуапдæттæг ведомствойы куыд зæгъынц, афтæмæй, зæхкусджытæн баххуыс кæнынмæ алкæддæр цæттæ сты.

Рубайты Хъазыбег алы æлхæнæгыл дæр зæрдиагæй бацин кæны. Йæ хъуыдымæ гæсгæ экологон æгъдауæй хæрзхъæд æмæ сыгъдæг халсартæй чи спайда кæна, уыдон сæ æппынæдзух æмал кæндзысты. Хъазыбегмæ ис бæллиц-фæнды йæ фидæны дукани бакæнын, æмæ уым тæрхæджытыл равæрын йæ фæллæйттæ, æнæмæнг хæрзхъæд продукци-халсартæ, дзидза. Йæ размæ сæвæрдта нысан, æмæ йæм тырны.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
О погибшем в зоне СВО бойце Аслане Дзантиеве, о Герое Советского Союза Алексее Остаеве, об учениях сотрудников Росгвардии и эксплуатации боевого оружия
28.03.2024
О капитальном ремонте, о нововведениях в сфере ЖКХ и о системе благоустройства общественных территорий
28.03.2024
Интервью с чемпионом по боксу Аланом Хугаевым
27.03.2024
Выбери жизнь
27.03.2024
Руслан Джусоев
27.03.2024
Ставд-Дурта
26.03.2024
Сабырдзинад, туризмы райрæзт æмæ «хурдзаст» сывæллæттимæ куыст
26.03.2024
Цхуырбаты Зарӕ
26.03.2024
Æмбалты Зауырбег
25.03.2024
Къуымæллæггаты Розæ
25.03.2024
Теракт в «Крокус Сити Холле»
25.03.2024
Давид Найфонов
25.03.2024
Канатовы
24.03.2024
В итоге: 24 марта
24.03.2024
Кино
24.03.2024
Все рекомендуемое