Миллиард æмæ дыууæ сæдæ милуан сомы ацы аз рахай кæндзысты Цæгат Ирыстоны агропромышленнон къабазæн æххуысæн. Уый тыххæй фехъусын кодтой сæрмагонд оперативон штабы æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдар Дзанайты Барис.
Ныхас цыд зæхкусджытæн æххуысыл. Гæххæттытæ бадæтгæйæ сæ бон у райсын субсиди. Йæ фæрцы бакæндзысты агротехникон куыстытæ, фæхуыздæр кæндзысты сыджыты хъæд. Æххуысæй спайда кæнæн ис сæгътæ, фыстæ, стуртæ дарынæн, кæнæ бинонты фермæтæн грантты хуызы. «Агростартап»-ы чи архайы, уыдонмæ дæр фæкæсдзысты. Уый тыххæй нысангонд æрцыд 80 милуан соммæ ввахс. Хъæууон хæдзарады министрадмæ гæххæттытæ бадæттæн ис 17-æй 21-æм апрелы онг. Премьеры ныхæстæм гæсгæ, санкциты уæзы бын уæвгæйæ дæр, фарон къабаз хорз бæрæггæнæнтæ равдыста. Дзанайты Барис фæсидт, цæмæй дарддæры райрæзтæн æппæт дæр арæзт цæуа.
Дзанайты Барис ма куыд бафиппайдта, афтæмæй сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианы цы республикон опреативон штаб сарæзтой, уымæн йæ куыст æнтыстджын рауад.