Æрымысгæ цаумæ гæсгæ, æрцыд фæндаггон фыдбылыз. Шофыр баййæфта хъыгдард, æвæстиатæй йын хъæуы медицинон æххуыс бакæнын – туг бауромын, улæфæнтæ ссыгъдæг кæнын. Архайын хъæуы цæрдæг. Дзидаханты Давид у æвдæм скъолайы ахуырдзау, ахæм уавæрты куыд архайын хъæуы, уый хорз зоны. Лæппуйæн турнир у фыццаг, фæлæ йæхи тынг хорз бацæттæ кодта. Йæ командæимæ бакодта стыр куыст, теорийы ахуыртæй практикæйы онг.
Архайджытæ ерыс кæндзысты сæрмагонд интерактивон фæзуæттыл, уым сæ цæттæдзинад æвдисдзысты æвæстиат цауты. Сæ сæйраг нысан уыдзæн уайтагъд аххосаг рабæрæг кæнын æмæ йæ аиуварс кæнын. Зæгъæм, адæймаг бауадзыг, уæд æй йæхимæ æрцæуын кæнын, бакæнын ын психологон æххуыс. Фæдзурын медицинон бригадмæ.
Хуыздæр цæттæдзинад чи равдиса, уыдон республикæйы кад хъахъхъæндзысты æппæтуæрæсеон къæпхæны. Фарон фæуæлахиз сты Архонкæйы скъоладзаутæ, ацы аз ерыс кæнынц æппæт республикæйæ 5 командæйы.
Фæнды мæ фæнысан кæнын, фæсивæд æхсызгонæй кæй архайынц ахæм мадзæлтты. Раззагдæрты змæлд фыццаг хатт нæ сарæзтæ ерыстæ. Æхсызгон у, æцæг дæр архайджыты кæй фæнды ацы здæхтмæ гæсгæ зонындзинæдтæ райсын.
Чемпионат арæзт цæуы “Раззагдæрты змæлд”-ы æххуысæй. Ацы ерыс у æртыккаг сæ разамындæй чи цæуы, ахæм. Фарон фæуæлахиз Севастополæй командæ, райстой æппæты фылдæр баллтæ. Ацы аз проекты георгафи фæуæрæхдæр, нæ спортсменты хъæудзæн фылдæр архайджытимæ ерыс кæнын, фæлæ сæ ныфс нæ сæтты. Сæ зæрдæ дарынц æрмæст уæлахизл.
















