Алагиры районы паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сарæзтой профилактикон мадзал “Встречная полоса”, зæгъгæ. Шофырты зæрдыл ногæй æрлæууын кодтой комкоммæ фæндагмæ хизыны домæнтæ, стæй æндæр хæдтулгæ аййафын куыд хъæуы, уый. Мадзалы сæйраг нысан у фæндаггон фыдбылызты нымæц фæкъаддæр кæнын.
Инспекторты ныхæстæм гæсгæ, хæдтулгæ комкоммæ фæндагмæ раскъæрын æмæ æндæр хæдтулгæ аййафын æнцон нæу фæлтæрдджын шофырæн дæр. Уыимæ ма у тынг тæссаг. Фæлæ бирæтæ уымæ сæ хъуыс не ‘рдарынц æмæ фæндæгтыл æдасдзинады домæнтæ не ‘ххæст кæнынц.
















