Поэт, зарджытæ фыссæг, тæлмацгæнæг. Ацы аз æххæст кæны 100 азы Цæгараты Гигойы райгуырдыл. Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты архайæг Цæгæраты Гиго фыссын райдыдта хæстæй куы сыздæхт, уæд. Йе ‘мдзæвгæты банкъарæн ис, куыд зæрдæбынæй уарзта йæ Фыдыбæстæ æмæ райгуырæн зæхх. Алагиры районы чиныгдоны сарæзтой поэты мысæн изæр. Мадзалмæ æрбацыдысты æхсæнадон кусджытæ, Гигойы æрдхæрдтæ æмæ йе сфæлдыстад уарзджытæ. Стыр курдиаты хицауы тыххæй нæ дарддæры æрмæг.
Æвæццæгæн Ирыстоны ахæм адæймаг нæ разындзæн, æмæ ацы зарæджы ныхæстæ æнæзонгæ кæмæн сты. Уæвгæ ацы хъæрмуд æмæ хъæбулы уарзæгой зæрдæйы монцтæй дзаг, арфхъуыдыджын аив рæнхъытæй кæддæр æмдзæвгæ снывæста поэт-зарæггæнæг Цæгæраты Гиго. Уæвгæ, йæ æмдзæвгæты бындурыл фыст зарджыты нымæц 100 фылдæр сты. Гигойы кæстæрты ныхæстæм гæсгæ сæ мыггаджы ирддæр минæвары сфæлдыстад хуымæтæджы не ссис адæмон, уымæн æмæ сæ фыста йæ адæмыл иузæрдион чи уыд, ахæм адæймаг. Фыссæг йе`сфæлдыстадæй аххæссыд алы фæлтæртыл дæр. Фыста куыд хистæр кары адæмæн, афтæ сывæллæттæн дæр.
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг, хъæбатыр, æцæг патриот æгæрон уарзтæй уарзта йæ райгуырæн бæстæ. Йæ цæрайæн йæ уд дæр нæ хæлæг кодта, знаджы топпы ныхмæ йæхи æппæрста. Æмæ йын Сфæлдисæджы цæст бауарзта алæмæты хорздзинад-цард. Æвæццæгæн, уымæ гæсгæ райгуырæн бæстæимæ баст æмдзæвгæтæ Гигойы сфæлдыстады ахсынц уæлдай бынат.
“Нæ хъæуккаг”… ам поэт-зарæггæнæг Цæгæраты Гигойы фыды уæзæгыл тынг æхсызгонæй азæлы ацы хъуыды. Уæвгæ, уый йæ цæргæйæ уæлæуыл ахæм ирд фæд ныууагъта, æмæ ныр кæд дæсгай азтæ рацыд, уæддæр йæ ном у алагирæгтæн зонгæ æмæ уарзон. Уæдæ Алагиры сæйраг чиныгдоны кусджытæ та сæ хæсыл банымадтой фыссæджы 100 азы юбилеймæ сæрмагондæй бацæттæ кæнын. Фæхуыдтой кадджын уазджыты: йæ æмсис хæлæртты – Фыссджыты Цæдисы уæнгты, мыггаджы минæвæртты горæты цæрджыты.
Цæгæрайы фырт йæ удуæлдай куыстæй, йæ цæстуарзон лæггадæй Фыдыбæстæйæн сæнусон кодта йæ ном. Йæ къухы бафтыд æмдзæвгæты 6 æмбырдгонды рауадзын. Куыста газет “Рæстдзинад”-ы редакцийы дæр, кодта тæлмацгæнæджы куыст дæр, суанг ма Мусса Джалилы æмдзæвгæтæ дæр иронау азæлыдысты.