Беслæны æнæпилотон тæхæг аппараты састытæ цы 5-уæладзыгон хæдзарыл æрхаудысты, уымæн хаст æрцыд 10 млн сомæн зиан. Къамис сбæрæг кодта 56 фатеры уавæр. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды.
Сергей Меняйло бабар кодта фæрæзтæ рахай кæнын абон. Цалцæггæнæн куыстытæн дзуапп дæтты Рахизфарсы районы сæргълæууæг. Беслæны 6-æм скъолайы бындурыл рæстæгмæ бынат сарæзтой эвакуацигонд цæрджытæн. 18 январы республикæйы снысан кодтой æнæпилотон тæхæг аппараттæй тæссаг уавæр, æрæппæрстой 7 аппараты. Ресурстæй ифтонггæнæг организацитæ æмæ Рахизфарсы районы разамындæн сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта фæстиуджытæ иуварс кæныныл бæстон кæй бацархайдтой, уый тыххæй. Ныхас цыд эпидемион уавæрыл дæр — ивгъуыд къуыри нæ аивта, хъусын кæнынц Фæлхасадмæ цæстдарды федералон службæйæ. Каратины æхгæд скъолатæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæттæ регионы нæй. Куыд ма рабæрæг æмбырды, афтæмæй ацы аз 24 ахуырадон кусæндоны бындуронæй цалцæггонд æрцæудзысты. Сæргълæууæджы хъæппæрисæй февралы йæ тыхы бацæудзæн пилотон проект. 10 скъола æмæ 15 астæуккаг ахуырдоны фæзындзæн уынаффæгæнджытæ æфсæддон-патриотон хъомылады фæдыл. Уыдон уыдзысты сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Кандидаттæ бацæттæ кæндзæн центр “Авангард”.
















