Хицауад фæрогдæр кодта хъæууон-хæдзарадон æмæ коммуналон техникæ срегистраци кæныны процедурæ.
1-æм сентябрæй цæрджытæн æмæ куыстуæттæн æнцонæй уыдзæн техникон цæстдарды оргæнты хыгъдмæ бахæссын комбайнтæ, миты цæуæн техникæ æмæ квадроциклтæ. Регистрацийы ‘мгъуыд фæкъаддæр уыдзæн 17-æй 10 кусгæ бонмæ. Уыимæ ма техникон цæстдарды оргæнты хыгъдмæ техникæ бахæссæн ис Бирæвæрсыг центры дæр. Цалдæр регионы ацы хъуыддагæн ныридæгæн техникон гæнæнтæ арæзт æрцыд.