Мартъийы райдианы Беслæны 7-æм скъола бындуронæй цалцæг кæнын райдыдтой. Аразджытæ рафтыдтой бæстыхайы сæр, пъолтæ, зæронд рудзгуытæ. Ныр уал, фыццаджыдæр, бавналдзысты хæтæлтæ ивынмæ. Скъола сифтонг кæндзысты æппæт хъæугæ дзауматæй. Куыстыты бæрц гыццыл нæу, фæлæ ахуыртæ нæ баурæдтой. Бæлвырддæр хабæрттæ нæ уацхæсджыты æрмæджы.
Скъолайы кæрт дыууæрдыгæй дæр лентæтæй æхгæд у, цæмæй сывæллæттæ зоной, уым тезгъо кæнæн кæй нæй. Бацæуæн ис æрмæст фыццаг уæладзыгмæ. Уроктæ дæр уым цæуынц. Дыккаг æмæ æртыккаг уæладзыджы цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. Беслæны 7-æм скъолайы рацарæзт йæ тæмæны бацыд. Скалдтой пъолтæ, бæстыхайы сæр, зæронд рудзгуытæ. Ныртæккæ скъоладзаутæй иутæ ахуыр кæнынц райсомæй, иннæтæ сихорæй. Уый фæдыл куыстыты бæрц дæр бирæ у. Æмæ кæд ныртæккæ къуындæг уавæрты ахуыр кæнынц, уæддæр сывæллæтты æдасдзинадæн тæссаг ницæмæй у. Куыстыты бынатмæ скъоладзаутæ нæ цæуынц.
Беслæны 7-æм скъолайæн йæ 1-æм уæладзыг дæр сцалцæг кæндзысты. Куыстытæм хъуамæ бавналой майы. Уый хыгъд, ахуыртæ дарддæр дæр цæудзысты дыууæ фæлтæрæй. Сæйрагдæр у сывæллæтты æдасдзинад.