Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий хæлардзинады ордентæй схорзæхджын кодта ирыстойнаг спортсменты – Токиойы параолимпаг хъæзтыты архайджыты.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Хынцæгты Альберт Японийæ Ирыстонмæ сласта сызгъæрин майдан. Рамбылдта йæ къори æхсынæй. Уæдæ Кобесты Чермен дæр йæхи хорз равдыста параолимпаг хъæзтыты. Бронзæ майдан рамбылдта 400 метры згъорынæй. Бибылты Анатолий сын стыр арфæ ракодта, бузныг сын загъта, зынгӕ æвæрæн кæй бахастой дунейы æмæ бæстæйы спорты райрæзтмæ. Спортсментæ дæр ын бузныг загътой, ахæм стыр аргъ сын кæй скодта, уый тыххæй.