Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Уæрæсейы экономикон райрæзты министры хæдивæг Михаил Бабичимæ.
Дзырдтой социалон проектты ахадындзинадыл æмæ сæ куыд æххæст кæнынц, ууыл. Ахсджиагдæр проекттæй иу у туристон-рекреацион комплекс «Мамысон»-ы арæзтад. Федералон министрадимæ æнгом куыст цæуы ацы хъуддагыл. Фембæлды æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны райрæзты иумæйаг фарстатыл.
Битарты Вячеслав фæбæрæг кодта, 25 сæрмагонд мадзæлы 2 азмæ кæй сæххæст кодтой, уый. Фæнд кæнынц ног социалон объекттæ саразын. Сæ ’хсæн Октябрскæйы поликлиникæ, Михайловскæйы скъола, Дзæуджыхъæуы дондзæуæн хæтæлтæ, Алагиры культурæйы хæдзар. Стæй ма пълан кæнынц Елхотты культурон рæзты центр саразын, Дур-дуры скъола сцалцæг кæнын, Мацутæйы фелсырон-акушерон пункт рацаразын.
Мæздæджы та 45 бынатæн арæндон. Уæлдай æргом здæхт цæуы Беслæны райрæзтмæ. Хъуамæ уым фæзына 3 ног ахуырадон объекты – 120 бынаты кæм уыдзæн, ахæм рæвдауæндон, 550 бынатæн скъола, стæй æрыгон техникты æмæ натуралистты станцæ.