Битарты Вячеслав фембæлд Уæрæсейы культурæйы министр Ольга Любимоваимæ. Æрдзырдтой Дзæуджыхъæуы культурæйы рæзтыл æмæ хъæуты культурæйы хæдзæртты рацарæзт, бындурон цалцæджы фæдыл, уæлæмхасæн субсидитыл.
Битарты Вячеслав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ныртæккæ уæлдай æргом здахынц курдиатджын сывæллæтты хъомыладмæ. Аразынц сын æмбæлгæ уавæртæ. Ахсджиаг фарста у – культурæйы ахуырадон уагдæтты техникон æмæ материалон ифтонгад. Республикæйы сæргълæууæг фæнысан кодта, цы ахуыргæнæндæттæ ис, уыдон базилинаг кæй сты, уæдæ ногтæ дæр аразын хъæуы. Ольга Любимова уый хынцгæйæ бафиппайдта министрады æмæ республикæйы æнгомдзинд. Æмгуыст куы кæной, уæд уый хорзы `рдæм ахаддзæн культурæйы ахуырадон уагдæтты рацарæзтыл. Ахсджиаг ма у культурон хæзнатæ бахъахъхъæнын.
Министр ныфс бавæрдта, æппæт фарстатæм дæр йæ цæст кæй æрдардзæн, уымæй. Куыстадон фембæлды рæстæг, ныхас кодтой Аланийы аргъуыды 1100 азы юбилейы фæдыл, кадджын мадзæлттæ куыд ацæудзысты, ууыл. Битарты Вячеслав радзырдта куыд сæ цæттæ кæнынц, уый. Ныртæккæ архайынц Алагиры районы, Лисрийы, Сыгъдæг Мадымайрæмы аргъуан бахъахъхъæныныл. Уæрæсейы министрад æй фæнд кæны паддзахадон «Культурæ æмæ туризмы райрæзт»-ы паддзахадон программæмæ, цæмæй йæ реставраци скæной.