Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц хъомылгæнæджы æмæ скъолайы агъоммæйы ахуырады кусджыты бон. Бæрæгбон баст у, Уæрæсейы сывæллæтты фыццаг рæвдауæндон куы байгом кодтой, уыйцы бонимæ. Уый уыд 1863-æм азы 27-æм сентябры, Петербургы. Нæ республикæйы скъолайы агъоммæйы ахуырады чи фæллой кæны, уыдон сæ размæ канд хъомылгæнджыты хæстæ не ‘вæрынц, фæлæ ма сывæллæтты бартæ хъахъхъæнын æмæ ахуырады нырыккон домæнтæн дзуапп дæттын. Ахæм хъомылгæнджытæй иу у Дзæуджыхъæуы 27-æм рæвдауæндоны ирон æвзаджы ахуыргæнæг Бырнацты Неля. Алы бон дæр йæ куыстмæ уайы мидбулхудгæ.
Бырнацты Неля мады ад бирӕ сабитæн кӕны. Сæумæрайсом ӕм сæ циндзинæдтæ æмæ чысыл тыхстытимӕ æрбалидзынц. Сывæллæттæй чидæр каст хъæлдзæг мультипликацион кинонывмӕ, кæмæндæр балхæдтой ног хъазæн, чидæр та ахауд æмæ йæхи ныццавта. Рæвдауæндоны цард раст аргъауы хуызæн у. Райсомæй – гимнастикæ, аходæн. Уый фæстæ сабиты истæуыл сахуыр кæныныл балæууынц. Неля сын амоны мадæлон æвзаг.
Бырнацты Неля у курдиатджын ахуыргæнæг. Сабитимæ кусы 23 азы. Фæлæ уæддæр æппынæдзух кусы йæ зонындзинæдтæ уæрæхдæр кæныныл. Фæархайы, цымыдисаг хъомыладон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм мадзæлттæ аразыныл.
Уымæй уæлдай, Неля тырны йæ хъомылгæнинæгтæм ныв кæныны, сфæлдыстады кӕнӕ иртасыны курдиæттæ раргом конынмӕ. Арæх фæкæсынц чингуытæ цæрæгойты тыххӕй. Иумæ сын хатдзæгтæ дæр скæнынц. Афтæмæй сывæллæттæ ахуыр кæнынц æрдз уарзыныл. Фæлтæрдджын хъомылгæнæг сабиты зонгæ кæны Ирыстоны цыртдзæвæнтимæ дæр. Ахуыр сæ кæны Райгуырæн бæстæ уарзын сæ чысылæй фæстæмæ.
Дзæуджыхъæуы 27-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ сты 160-йæ, сæ хъомылгæнджытæ та 40-æй фылдæр. Ам архайынц алы сывæллоны зæрдæмæ дæр фæндаг ссарыныл. Рæвдауæндоны разамонæг Хъайтыхъты Оксанæ аразы æппæт гæнæнтæ дæр йæ коллективæн, цæмæй сабитимӕ кусой нырыккон домæнтæм гæсгæ. Ам ничи дызæрдыг кæны, сæ хъомылгæнинæгтæ аккаг адæймæгтæ кæй суыдзысты æмæ Райгуырæн бæстæйы рухс фидӕнмӕ сæ æвæрæн кæй хæсдзысты. Уæдæ сывæллæттæм дæр сæ хъомылгæнджытæм ис хъарм зæрдæйы ахаст.
Хъомылгæнæджы архайдæн аккаг аргъ зын скæнӕн у. Уыдон, цалынмæ ныййарджытæ куысты сты, уæдмæ архайынц кæстæртимӕ раст хъомыладон куыст кӕныныл, æхсанадмæ сæ ракæныныл.
Дзæдзойты Фатимæ
















