#Æхсæнад

Дзæуджыхъæуы райдыдта уæгъдибар хъæбысхæсты республикон чемпионат

Йæ хатдзæгтæм гæсгæ сбæрæг уыдзæн Цæгат Ирыстоны иугонд командæ. Уый нæ республикæйы ном хъахъхъæндзæн ерысты æппæтуæрæсеон къæпхæны Каспийскы.

31.03.2023 20:47

Куыстдæттыны æппæтуæрæсеон армукъайы регионалон къæпхæн ацæудзæн 14-æм апрелы

Се стырдæр Национ музейы фойейы. Скъолаты, училищæты æмæ техникумты рауагъдонтæн та сæ бон æрбацæуын у профессионалон цæттæдзинады центрмæ.

31.03.2023 20:37

Дзанайты Азанбеджы номыл нывкæнынады училищæйы ацыд ирон «Нартиадæйы» баст лекци

Мадзал баст у Ирон «Нартиадæйы» азимæ. Хетæгкаты Аслан монументалон жанры цы куыстытæ сфæлдыста, уыдоны ‘хсæн Намысы Мемориалы мозайкæ, Кировы уынджы фæлладуадзæн скверы хæдзары къулыл зæронд Дзæуджыхъæуы нывтæ, Хуссар Ирыстоны ирон драмон театры цар æмæ къултæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Нарты кадджыты тыххæй зонындзинæдтæ кæстæр фæлтæры хъомылады сты ахадгæ фæрæз.

31.03.2023 20:31

1873 азы император Александр II цы гербы эскиз сфидар кодта, уый Дзæуджыхъæуæн ратдзысты

Горæты администрацийы культурæйы управленийы разамонæг Мæрзойты Руслан куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй абон дзæуджыхъæуккаг делегаци фембæлдзæн Санкт-Петербургы Геральдистты советы минæвæрттимæ.

31.03.2023 20:26

Сергей Меняйло бацархайдта Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Виктория Абрамченко æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды регионты разамонджытимæ æмбырды

Республикон артаг-энергетикон комплексы бæстыхæйтты куыст дæр терроризмы ныхмæ мадзæлттæ æххæст кæнгæйæ саразын хъæудзæн. 

31.03.2023 20:21

Алагиры сæйраг чиныгдоны ацыд Цæгараты Гигойы номыл мысæн изæр

Йæ къухы бафтыд æмдзæвгæты 6 æмбырдгонды рауадзын. Куыста газет “Рæстдзинад”-ы редакцийы дæр, кодта тæлмацгæнæджы куыст дæр, суанг ма Мусса Джалилы æмдзæвгæтæ дæр иронау азæлыдысты.

31.03.2023 19:55

Дзанайты Барисы разамындæй хицауады æмбырды ныхас цыд социалон инфраструктурæйы объекттæ аразыны фæдыл бадзырдтæ бафыссыны тыххæй

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, раздæр уыцы хыгъдмæ бахастой Беслæны, Горæтгæрон æмæ Мæздæджы районты мадзæлттæ. Бæрнон министртæм та Дзанайты Барис фæсидт, цæмæй рагагъоммæ фæрæзтæ агурой. Афтæмæй, социалон, коммуналон æмæ фæндаггон инфраструктурæйы цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдон æмгъуыдæй раздæр сцæттæ уыдзысты.

31.03.2023 19:35

Республикæйы сæргълæууæг амыдта терроризмы ныхмæ къамисы æмæ оперативон штабы иумæйаг æмбырд

Промышленность æмæ инвестициты министрадæн республикæйы сæргълæууæг бахæс кодта 20-æм апрельмæ Цæгат Ирыстоны промышленнон куыстуæтты хыгъд саразын æмæ сæ басгарын, паспортизаци сын скæнын.

31.03.2023 19:31