Доны станцæйы цæттæдзинад сæрдыгон рæстæгмæ сбæрæг кодтой Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады регионалон управленийы кусджытæ. Ирвæзынгæнджытæ æркастысты станцæйы ифтонгадмæ, сбæрæг кодтой станцæйы куыстæн бардæттæг гæххæттытæ. Ам æппæт фæзуатты дæр хъуамæ уа цæстуынгæ æрмæг æдасдзинады домæнтæ, доны æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты хи дарыны æгъдæуттимæ.
Адæймаджы донæй фервæзын кæнын æмæ йын фыццаг медицинон æххуыс бакæнын. Ирвæзынгæнджытæ 5-æм профессионалон училищæйы студенттæн амонынц, алы уысм цас ахсджиаг у, уый.
Ахуыртæ цæуынц акци «Мои безопасные каникулы»-йы фæлгæты. Сæ сæйраг нысан – фæсивæды æдасдзинад фæлладуадзæн бонты. Доны æппæтæй арфдæр бынæттæ хæццæ кæнынц 3 метры онг. Къамисы уæнгтæ сбæрæг кодтой медицинон пунктты уавæр æмæ ирвæзынгæнджыты лицензитæ.
Æдæппæтæй ацы сæрды нæ республикæйы найæн бынæтты фæлладуадзджыты æдасдзинадмæ сæ хъус дардзысты æнæнхъæлæджы уавæрты министрады 100 кусæгæй фылдæр. Æмæ кæд фæстаг рæстæг доны фыдбылызты нымæц зынгæ фæкъаддæр, уæддæр ирвæзынгæнджытæн бирæ куыст вæййы.
Уый та ууыл дзурæг у, æмæ ныр тæвд бон доны станцæмæ ис ацæуæн фæллад уадзынмæ. Ирвæзынгæнджытæ та зæрдыл лæууын кæнынц, доны фыдбылызтæн сæ фылдæр кæй æрцæуы расыг адæмыл, кæнæ та, æдасдзинады домæнтæ чи не ‘ххæст кæны, уыдоныл. Уый фæдыл æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ курынц цæрджытæй, цæмæй сæхи хъахъхъæной.
Дзæдзойты Фатимæ