Дзæуджыхъæумæ ссыдысты Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады специалисттæ. Амыдтой наукон-практикон конференци «Диалог о терапии», зæгъгæ. Ныхас кодтой кардиологи, ревматологи æмæ гастроэнтерологийы фарстатыл. Æрдзырдтой ма дохтырты бартæ хъахъхъæныныл дæр, æмæ æндæр социалон фарстатыл. Уæлдай æргом аздæхтой, бынæтты цы терапевттæ кусы, уыдоны уавæртæм.
Уæрæсейы медицинон наукон æхсæнады президент Анатолий Мартынов куыд загъта, афтæмæй ахæм фембæлдтытæ сты пайда, сæ руаджы ис лыггæнинаг фарстаты тыххæй æргомæй аныхас кæнæн æмæ сæ аивурс кæнæн. Конференцийы ма архайдтой медиктæ Хъæрæсе-Черкесийæ, Кæсæг-Балхъарæй, Мæхъæлæй. Æдæппæтæй 500 адæймаджы.