Дзæуджыхъæумæ ссыдысты Уæрæсейы сабырдзинады фонды Курскы облæсты хайады минæвæрттæ. Æппæтадæмон Сабырдзинады маршы фæлгæты бабæрæг кæндзысты 5 горæты – Курск, Ростов, Пятигорск, Дзæуджыхъæу æмæ Грозна.
Акци баст у Уæрæсейы сабырдзинады фонды 60 азы сæвзæрдимæ æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уӕды 80 азы бонимæ. Уазджытæ бабæрæг кодтой Намысы мемориал, æнусон артыл сæвæрдтой дидинджытæ. Мадзалы бацархайдтой парламенты депутаттæ, бархионтæ æмæ сабырдзинад тауджытæ. Акцийы сæйраг хæс – историон рæстдзинад фæкъахыр кæнын ма бауадзын.
















