Богдан Бочаровыл 14 азы цæуы. Ныридæгæн æмбырд кæны йæ фыццаг квадрокоптер. “Клевер-3” стæхдзæн хæстæгдæр бонты. Йæ ахуыргæнæг хъуамæ сбæлвырд кæна арæзтад æппæт æууæлтæн дзуапп дæтты, уый, хъуамӕ фена телты уавæр, камерæтæ æххæст фидаргонд æрцыдысты æви нæ, уый. Фидæны авиаконструкторты къласы се ‘ппæт дæр æрӕджы райдыдтой хи фæлварын. Богданы æнæпилотон хæдтæхæг у æртæ мæйы дæргъы ахуырты хатдзæг. Дарддæр цы уыдзæн, уымæ сывæллæттæ сæхæдæг дæр æхсызгонæй æнхъæлмæ кæсынц.
12-аздзыд Даниил Хачатрян роботехникæ ахуыр кодта интернеты видео-урокты руаджы, фæлæ йæ бæллиц уыд къабазы практикон хуызы бацархайын. Лæппу цы роботыл бакуыста, уый хорз æххуыс уыдзæн нывгæнджытæн. Æрхъуыдымæ гæсгæ хъæуы æрмæст кънопкæ балхъивын. Машинæ фондз фигурæйæ иу сныв кæндзæн. Фыццаг скуысты фæстæ фæнысан кодта æмрасткъуымон, æртæкъуымон, фондзкъуымон æмæ уый хорз бæрæггæнæн у.
“Кванториумы” æппæт уавæртæ дæр ис, цæмæй Даниил проектыл кæронмæ бакуса. Ныхас цæуы лæвар технопаркыл. 5-æмæй 11-æм къласмæ дзы ахуыр кæнынц раззагдæр техникон дæсныйæдтыл. Сывæллæтты базонынц 3D-принтертыл архайын, телеграм-боттæ кæнын, хъæзтытæ, сайттæ, мобилон уæлæфтуантæ аразын. Ахуыртæм бацæуыны размæ фæлварæнтæ дæттын нæ хъæуы. Кæй фæнды, уыдоны се ‘ппæты дæр райсдзысты.
Сывæллæтты уыцы иу къабазы нæ ныууадзынц. Зæгъæм, хи промышленнон дизайны чи бафæлвæрдта, æмæ йæ зæрдæмæ кæмæн нæ фæцыд, уыдонæн фадат ис, сæ кълас баивынæн. Ам сæйрагдæр у, цæмæй æрыгон адæймаг йæхæдæг бамбара, фылдæр æй цы разæнгард кæны, уый. Ардæм кæй фæнды æмæ дызæрдыг чи кæны, уыдонæн сæ бон у технопаркы дæсныйадæвдисæн ахуыртæ ацæуын, экскурсийы æрбацæуын. Цæмæй равзарӕн ис, уыцы хыгъд дæр хъæздыгдæр кæны. Хæстæгдæр рæстæг дзы байгом кæндзысты стомотологон квантум. Ахуыртæ дзы цæуынц къуыри дыууæ хатты. Скъолаты бындурыл ис кабинеттæ, сты ам бынаты дæр. Ардæм чи цæуы, уыдонæй йæ алчидæр зоны, цæмæ цæуы, уый.
“Кванториум”-ы уæлдай сæрыстыр сты сæ педагогтæй. Къорд кæд æрыгон у, уæддæр сты фæлтæрдджын. Командæ ахуыртæ ацыд инновацион центр “Сколково”-йы, кæнынц наукон куыст. Ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахсджиаг у сывæллонмæ фæндаг ссарын.
Цæгат Ирыстоны технопарктæ гом кæнынц 2018 азæй, сывæллæттæ æмбырд кæнынц роботтӕ, кусынц кинонывтыл, æнæпилотон тæхæг аппаратты программæтыл. Ацы «Кванториум» та республикæйы фыццаг у. Нацпроект «Ахуырад»-ы фæлгæты къабазы райрæзтæн радих кодтой 80 милуан сомы. Фондз азмæ рауагътой 5000 мин ахуырдзауы. Регионы уæлæмхасæн ахуырады ахæм хуыз хуымæтæджы нæ равзæрстой. Нæ скъоладзаутæ æппынæдзух тырныдтой зонындзинæдтæм, зæгъы разамонæг Павел Скворцов.
Декабры кæрон фæткмæ гæсгæ бахъахъхъæдтой сæ проекттæ. Роботтæ, квадрокоптертæ, 3D-модельтæ. Ахуыргæнджытæ раттой хъæугæ амындзинæдтæ, цæмæй арæзтæдтæ фæхуыздæр уой. «Кванториум» ног къордтæ райсдзæн ацы мæй.
















