Дзæуджыхъæуы Æфсæнвæндаджы фæрсуынджы хæдзарыл цæуы 90 азы. Хæтæлтæ – заууат уавæры, электрон тыхы телтæ скъуынынц, цары хъайвæттæ куы ныккæлой, уымæй дæр тас у. Январы зæронд хæтæл кæй атыдта, уый аххосæй цæрджытæ тæвд доны цыхцырджыты бын фесты. Сæ хъаст бахастой Адæмон фронтмæ.
Ахæм хуыз ис уæллаг уæладзгуытæн. Къулты сæрстытæ згъæлынц. Заууат уавæры сты хæдзары сæр, коммуникацитæ æмæ хæтæлтæ.
Январы атыдта хъармгæнæн системæйы бак цары. Подъезд фыцгæ донæй байдзаг. Уавæр сраст кодта разамындæттæг компани.
Адæм стыхстысты, афæдзæй-афæдзмæ аиуварс кæнын цы фарстатæ не ‘нтысы, уыдонæй. Иу æмæ дыууæ хатты нæ хъаст кодтой дзуапдæттæг куыстуæттыл. Æрæджы æххуысы фæдыл курдиат арвыстой Адæмон фронты æвсæтиаты номырмæ. Активисттæ сын дзуапп уайтагъд радтой. Цæрджытимæ фембæлдысты парламенты, горæты администрацийы, бындурон цалцæджы фонды æмæ разамынддæттæг компанийы минæвæрттæ. Хæдзар сарæзтой 90 азы размæ. Хъæуы йæ бындуронæй сцалцæг кæнын.
Куыд сбæрæг, афтæмæй хæдзар бахастой 2028-æм азы регионалон программæмæ. Цалцæджы афон фæхæстæгдæр кæнынæн хъæуы сæрмагонд программæйы бацархайын. Уый тыххæй ведомствоты ‘хсæн къамис хъуамæ сбæрæг кæна хæдзары иумæйаг исбон.
Хæдзарæн дзуапп лæвæрдтой цалдæр разамынддæттæг компанийы. Цалдæр мæйы размæ йæ радтой ног компани «Горæт»-æн. Бынаты сарæзтой хæдзары цæрджытимæ иумæйаг æмбырд. Архайдтой иу хъуыдмæ æрцæуыныл.
Æмбæлгæ гæххæттытæ раст сæмбырд кӕнынмӕ цæрджытæм фæкæсдзысты Адæмон фронты активисттæ.
Хæстæгдæр рæстæг сæмбырд кæндзысты æмбæлгæ документтæ æмæ снысан кæндзысты ведомствоты ‘хсæн къамис. Сæйрагдæр у цæрджыты æмархайд разамындæттæг компанииимæ. Уавæр хуыздæрырдæм аивæн ис æрмæст æмдыхæй.