Сауджын Иассон Мамацевы хæдзар йæхи цæстæй ниыиуал фендзæн. Æнæзакъонæй йæ акалдтой ацы азы февралы. Афтæмæй та бæстыхай уыдис цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны комитеты номхыгъды. Рагæй дæр хæдзар ахæсгæ уыд культурон бынтæм. Уæвгæ йæм, дæргъвæтин рæстæг йæ хъус даргæ дæр ничи кодта. Фæлæ ныр йæ пырхæнтæ дæр сдзырддаг сты. Кæй æмæ цæй аххосæй ныззылд хæдзарæн йæ бындур, уый ныртæккæ иртасынц прокуратурæйы.
Агуыридурты пырхытæ, æндæр арæзтадон бырон. Æрмæстдæр ма уый баззад дыууæуæладзыгон нывæфтыд бæстыхайæ. ацы ран ма æрæджы дæр лæууыд пройерей Иассон Мамацевы хæдзар. Мæнæ ахæм уыд, цалынмæ йæ нæ фехæлдтой, уæдмæ. Афтæмæй та уыдис, стыр культурон нысаниуæг кæмæн уыд, уыуы цыртдзæвæнты номхыгъды. Иассон Мамацев кодта рухстауæн куыст. Йæ хъæппæрисæй Дзæуджыхъæуы куыста чырыстон диныл æфтыд æхсæнад. Сæрдыгон-иу горæты æнтæфæй сауджын йæхи ацы хæдзармæ райста. Ныр бæстыхайæн йе `ддаг бакаст æмæ йæ аив къултæ фенæн ис æрмæстдæр хуызистытыл.
Дæргъвæтин рæстæгмæ бæстыхай алкæмæй дæр айрох. Фæлæ 12-æм февралы культурон нысаниуæгимæ цыртдзæвæнтæ хъахъхъæнæг комитетмæ бадзырдæуыд, чидæр, дам, æй халы, зæгъгæ. Цы зæххыл лæууыд, уый хицау æй уæззау техникæйы фæрцы базгъæлæнтæ кодта.
Ахæм хъуыддаг фенгæйæ, Комитеты кусджытæ батагъд кодтой барадхъахъхъæнджытæм. Фæсидтысты сæм, цæмæй халджыты куыстæн йæ закъонадон бындур раиртасой. Цыртдзæвæнтæ хъахъхъæнджытæ курдиат балæвæрдтой прокуратурæмæ дæр. Уыдон рахастой сæхи хатдзæгтæ.
Уæвгæ, фарон июны комитеты минæвæрттæ хæдзары уавæр сбæрæг кæнынмæ уыдысты. Фæлæ дзы уæд ницы аиппытæ раиртæстой.
Йæ хатдзæгтæ хæсдзæн Дзæуджыхъæуы Фæстерчы прокуратурæ дæр, процессуалон иртæстытæ кæмæн бабар кодтой, уыдон.