Паддзахадон статистикæйы федералон службæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ Дзæуджыхъæуы артаджы аргъ у Цæгат Кавказы федералон зылды иннæ регионтæй къаддæр.
Рæстæмбис аргъ Дзæуджыхъæуы ныртæккæ у 48,88 сомы. Æппæты бæрзонддæр аргъ та федералон зылды у 52 сомы æмæ 84 капеччы. Статистикæй службæйы куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй артаг сентябры райдианы фæасламдæр Уæрæсейы 35 регионы.