Ахуырады къабазы фарстатыл дзырдтой хицауады радон æмбырды. Æрныхас кодтой «Успех каждого ребёнка» æмæ «Молодые профессионалы» проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уууыл. Иу фарстамæ уæлдæр ахуыргæнæндоны рауагъдонтæн куыст ссарын.
2 кванториумы æмæ 1 мобилон технопарк республикæйы фæзындысты проект «Успех каждого ребёнка»-йы руаджы. Сарæзтой уæлæмхасæн ахуырады сæрмагонд центр дæр. Йæ руаджы фенæн ис системæйы цас сабитæ архайынц, уый. Раздæр-иу къордты хыгъды сывæллæттæ нымад уыдысты. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй семæ нæ куыстой. Ныр уавæр цæхгæрмæ фæивта.
Проекты руаджы бындуронæй цалцæг кæнынц скъолаты спортивон залтæ. Сæ бындурыл саразынц спортивон клубтæ. Канд сабитæ нæ, фæлæ хъæуты цæрджытæн дæр дзы архайыны фадат ис. Куыд рабæрæг, афтæмæй цæрджыты алы хатт нæ уадзынц уыцы спортивон залтæм. Ахуырадон уагдæтты разамонджытæ архайынц, цæмæй дзы сæ рæстæг æрвитой æрмæст скъоладзаутæ. Тускъаты Таймураз бахæс кодта районты администрацитимæ иумæйагæй фарстайыл бакусын. Хъуамæ адæмæн, æнæмæнг, уа спортивон залтæм цæуыны бар.
Ныхас ма цыд проект «Молодые профессионалы»-йыл. Йæ хæс у астæуккаг профессионалон ахуырады системæ раивын. Людмила Башаринайы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ системæ фæллойадон базарады домæнтимæ æмдзу нæ кæны. 2019 азы бантыст студентты 19 процентæн ссарын куыст. Ацы аз -32 процентæн. Уагæвæрдмæ гæсгæ бæрæггæнæн хъуамæ уа 60 проценты бæрц.
Цæгат Ирыстоны ис 600 мин цæрæн бынæтты объекты. Уыдонæй 109, закъонмæ гæсгæ, никæй бæрны сты. Уымæй уæлдай ма, регионы зæххыты 6 мин гектарæй фылдæр регистрацигонд не сты. Фарстатæ райхалыныл кусы профилон кусæг къорд.
Вице-премьер куыд фæнысан кодта, афтæмæй уæлдай æргом раздахын хъæуы зæххытæй æнæ закъонæй кæй пайда кæнынц, уыцы фарстамæ. Уый аххосæй адæм сæ фос хизынмæ кæдæм тæрой, уый нæ вæййы. Тускъаты Таймураз бафиппайдта, ацы хъуыддаг у ахсджиаг. Хъæуы йæм бæстонæй æркæсын.
Хуасдзауты Алинæ