preloader
сейчас в эфире
13:17
ДЕТСКИЙ ПОДКАСТ "ПОДРОСТКИ В ЭФИРЕ" 12+
Смотрите Далее
13:50
ГОМ УРОК 12+
14:10
АЛАНТÆ. ФЫДЫБÆСТÆМÆ ФÆНДАГ 12+
15:10
ИСПЕКЛИ НАМ ПИРОГИ… 12+
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
ЖЕСТОКИЙ СТАМБУЛ 16+
ТВ ПРОГРАММА
ДЕТСКИЙ ПОДКАСТ "ПОДРОСТКИ В ЭФИРЕ" 12+
close

Дзæуджыхъæуы Гагкайы фырты номыл уынджы 7 сахаты æмæ 30 минутыл æрцыд срæмыгъд

12.02.2021 17:09

Цалдæр минутмæ æртæ уæладзыгон бæстыхайæ ницыуал баззад.

Республикæйы Слестгæнæн комитет æмæ прокуратурæ дарддæр бæрæг кæнынц, абон райсомæй горæты цы бæллæх æрцыд, уый аххосæгтæ. Дзæуджыхъæуы Гагкайы фырты номыл уынджы 7 сахаты æмæ 30 минутыл æрцыд срæмыгъд. Цалдæр минутмæ æртæ уæладзыгон бæстыхайæ ницыуал баззад.

Бынатмæ уайтагъд æрбалæууыдысты сæрмагонд службæтæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй бæллæхы фæстиуджытæ иуварс кæнынц 200 адæймаджы. Уыимæ ма сæрмагонд техникæйы 29 иуæджы.

Бынаты рад хæссынц тагъд æххуысы къареттæ. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, медицинон æххуыс бакæнын никæмæн бахъуыд.

Калд æртæуæладзыгон бæстыхайы уыд цалдæр офис æмæ дуканийы. Се ‘хсæн «Магнит», æмæ «Магнит Косметик». Компани «Магнит»-ы минæвæрттæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй дукани «Магнит Косметик»-æн бæстыхай ист уыд хаццоны. Магнит та уыд ритейлеры къухты. Компани базарадон центры иннæ хæйттæм ницы бар дардта. Уым быннаг уæладзыджы, гæнæн ис, æмæ цыдысты цалцæггæнæн куыстытæ. Компани ныртæккæ барадхъахъхъæнæг оргæнтимæ кæны æмгуыст, бæллæхы аххосæгтæ раиртасыны тыххæй.

Ирвæзынгæнджытæ бынаты рабæрæг кодтой нæлгоймаджы. Уый куыд радзырдта, афтæмæй фыдбылызы рæстæг уыд бæстыхайы. Хъыгдæрд нæ баййæфта. Æдас бынатмæ рахызт йæхæдæг.

Базардон центрæн йæ аллыварс уыд бирæ бирæуæладзыгон хæдзæрттæ. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй срæмыгъд ахæм тыхджын у, æмæ хæстæгдæр бæстыхæйтты рудзгуыты æвгтæ æрызгъæлдысты, къултæ æмризæджы нырызтысты. Сау фæздæг сыстад. Бирæтæн сæ тарст нырма дæр не ‘рцыд.

Горæты администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй районы цæрджытæй хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæн бакæндзысты материалон æххуыс. Уый тыххæй снысан кæндзысты сæрмагонд къамис. Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, горæты скъолатæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæттæ кусынц фæткмæ гæсгæ.

4-æм æмæ 7-æм маршруты транспорт рæстæгмæ цæудзæн Гагкайы фырты номыл уынджы иувæрсты. Уый тыххæй хъусын кæны транспорты министрады пресс-службæ. Весенняя уынгæй Владикавказкая уынгмæ маршрут цæудзæн хæдзæртты ‘хсæнты, дарддæр та бæрæггонд балцвæдмæ гæсгæ. Ныртæккæ бæллæхы бынат æрæхгæдтой. Бынаты кусынц специалисттæ. Ног информацийы тыххæй уæ зонгæ кæндзыстæм нæ дарддæры программæты.

Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
«Ученик года», перевод сурдо языка, «Час земли» и лечение за рубежом
28.03.2024
О погибшем в зоне СВО бойце Аслане Дзантиеве, о Герое Советского Союза Алексее Остаеве, об учениях сотрудников Росгвардии и эксплуатации боевого оружия
28.03.2024
О капитальном ремонте, о нововведениях в сфере ЖКХ и о системе благоустройства общественных территорий
28.03.2024
Интервью с чемпионом по боксу Аланом Хугаевым
27.03.2024
Выбери жизнь
27.03.2024
Руслан Джусоев
27.03.2024
Ставд-Дурта
26.03.2024
Сабырдзинад, туризмы райрæзт æмæ «хурдзаст» сывæллæттимæ куыст
26.03.2024
Цхуырбаты Зарӕ
26.03.2024
Æмбалты Зауырбег
25.03.2024
Къуымæллæггаты Розæ
25.03.2024
Теракт в «Крокус Сити Холле»
25.03.2024
Давид Найфонов
25.03.2024
Канатовы
24.03.2024
В итоге: 24 марта
24.03.2024
Все рекомендуемое