Дзæуджыхъæуы бæрæгбоны агъоммæ контейнерты фæзты 70% ссыгъдæг кодтой быронæй, сыфтæрæй æмæ хус кæрдæгæй. Æфснайæн зиутæ иу райдыдтой сæумæрайсом.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло регоператор “Эра”, “Спецэкосервис” æмæ Доны куыстуаты специалисттæн бахæс кодта, иумæйагæй бæрæгбонмæ горæт бафснайын.
Куыстытæ райдыдтой 13-æм ноябрæй. Уæдæй коммуналон службæты специалисттæ раластой 750 тоннæйы бырон. Пайда кодтой сæрмагонд техникæйы 25 иуæгæй. Къуырийы кæронмæ æппæт фæзтæ дæр аивгонд æрцыдысты.
















