Æмбал кæмæн нæй, ахæм лæвар балхæн æмæ, æххуысцух чи у, уыдонæн уымæй хорздзинад ракӕн. Ахæм хæрзаудæн армукъа сарæзтой Дзæуджыхъæуы. Фонд “Быть добру” баххуыс кодта нæ республикæйы æрмдæсныты хъуыдытæ адæмы рæгъмæ рахæссын. Ахæм мадзал саразыны хъæппæрис уыдонмæ сæхимæ разынд. Горæты астæу цæрджытæн сæ бон балхæнын уыд цармæй конд дзауматæ, гыкъынатæ, цырагъдарæнтæ, цырæгътæ æмæ ма суанг хæдзарон мыд дæр. Цы фæрæзтæ æрæмбырд кæной, уыдон зын уавæры чи бахауд, уыцы адæмæн лæвæрд æрцæудзысты.
10 азмæ фонд “Быть добру” сарæзта 1 мин æмæ æрдæг ахæм мадзалæй фылдæр. Æгас Уæрæсейæ дæр адæм архайдтой проектты æмæ æххуыс кодтой хъыгдард æнæниздзинадимæ цæрджытæн сæ цард фенцондæр кæнынæн.