Республикæйы бæрны цы объекттæ ис, стæй паддзахадон ансамбль «Алан» æмæ бæхты театр «Нарты» лыггæнинаг фарстатыл ныхас цыд аппаратон æмбырды. Амыдта йæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ныхас ма цыд ахуырады къабазы кусджыты мыздыл дæр.
Центрон парчы цадтæ æмæ дон сыгъдæггæнæн системæ ныр уыдзысты республикæйы исбоны. Раздæр уыдысты Уралы хæххон-металлургон компанийы бæрны. Æмæ сæм æмбæлгæ цæстдард нæ уыд. Ныридæгæн куыстуатимæ фарста алыг кодтой. Архайынц ыл дарддæр дæр. Æмбырды ма Сергей Меняйло фæсидт республикæйы культурæйы министрадмæ, цæмæй сæ æрхайд фæхуыздæр кæной. Уымæн æмæ ныртæккæ цæуы фидæны азы бюджет нысан кæныны фæстаг къæпхæн. Афтæмæй та культурæйæ къабазы райрæзты фæдыл курдиæттæ нæма балæвæрдтой. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта паддзахадон ансамбль «Алан»-ы райрæзты программæйыл бацархайын. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй кафджыты къорд хъуамæ уа аккаг бынаты. Уæдæ, æнæмæнг хъæуы бацархайын бæхты театр «Нарты» райрæзтыл дӕр. Бакусын хъæуы ног культурон объектты арæзтадыл. Бæлвырддæр та – саразын бирæвæрсыг концертон зал.
Ныхас ма цыд, сæрмагонд бизнес-проекттæ æххæст кæнынæн амалхъом адæмæн, базарадон мадзæлтты сæрты ахизгæйæ, цы зæххы хæйттæ радтой, уыдоныл. 54 объекты радтой, юридикон бæрнондзинад кæмæ ис, ахæм 35 адæймагæн. 27 инвесторы ныртæккæ æххæст кæнынц сæ проекттæ хъæууон-хæдзарадон къабазы. 8 та – амалхъомады. Зæгъын хъæуы уый, æмæ дзы 9 адæймагимæ хаццоны бадзырдтæ хæлд æрцыдысты, æппæт домæнтæ кæй не ‘ххæст кодтой, уый тыххæй. Сергей Меняйло фæсидт ацы куыст карздæрæй æххæст кæнын, стæй ма фæнысан кодта, алы зæххы хай дæр нымад кæй у инвестицион фæрæзыл.
Ахуырады æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алыбекты Эллæ куыд радзырдта, афтæмæй культурæйы министрадимæ иумæ бацæттæ кодтой программæ. Йӕ фæлгæты культурæйы æппæт объекттæм дæр сывæллæттæн ис бацæуыны бар. Программæ æххæст кæнын райдайдзысты æвæстиатæй.
Ведомствойы разамонæг фæнысан кодта, 7 октябры бæстон ныхас кæй цæудзæн республикæйы ахуырады райрæзты фарстатыл. Æрдзурдзысты ахуырады кусджыты мызд ног хуызы нысан кæныныл дæр.
















