preloader
сейчас в эфире
12:45
ФИЛЬМ-КОНЦЕРТ "ДОРОГОЮ ДРУЖБЫ" 12+
Смотрите Далее
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
13:20
ВОКЗАЛ ДЛЯ ДВОИХ 12+
15:00
ВЫБЕРИ ЖИЗНЬ 12+
16:00
НОВОСТИ 12+
16:15
ЖЕСТОКИЙ СТАМБУЛ 12+
ТВ ПРОГРАММА
ФИЛЬМ-КОНЦЕРТ "ДОРОГОЮ ДРУЖБЫ" 12+
close

Дзæуджыхъæуы уыд уæлдæр ахуыргæнæндæтты ‘хсæн республикон фестиваль

25.05.2023 13:27

Фæллой æмæ хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады фестиваль уыд Дзæуджыхъæуы.

Фæллой æмæ хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады фестиваль уыд Дзæуджыхъæуы. Республикæйæ 5 командæйы æвзæрстой сæ тыхтæ, æвдыстой сæ арæхстдзинад. Архайджытæ тырныдтой хуыздæр æмæ тыхджындæр суæвыныл. Хуыздæртæ ныр дарддæр сæхи цæттæ кæндзысты æппæтуæрæсеон къæпхæнмæ. Ерыстæ ацæудзысты сæрды.


Старты размæ алы хатт дæр мæнæ ахæм бæстон  æмæ хъæугæ амынддзинæдтæ. Алы архайæг дæр йæхи цæттæ кодта афæдзы райдианæй. Дæргъмæ гæпп кæнын, алыхуызон дæрддзæгмæ дугъ кæнын æмæ æндæр хæслæвæрдтæ. Æмткæй райсгæйæ, мадзалмæ бахастой æнæниздзинадæн пайда нормативтæ.

Сæ цæттæдзинад равдыстой республикæйы фондз уæлдæр ахуыргæнæндоны алыхуызон факультетты командæтæ Алы архайæг дæр тырнытта фылдæр баллтæ сæмбырд кæнынмæ, уый тыххæй сæ тыхтыл нæ ауæрстой.

Æнæниздзинад фæхъæддыхдæр кæнын æмæ фæсивæды алывæрсыг райрæзт. Уый у фæллой æмæ хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады фестивалы сæйраг нысан. Сывæллæтты арæхстдзинадæн аргъ кодтой фæлтæрдджын тæрхонгæнджытæ. Сæ ныхæстæм гæсгæ, афæдзæй-афæдзмæ фæсивæд сæхи æнтыстджындæрæй æвдисынц, æмæ сын уый у æхсызгон.

Ерыстæ цыдысты боны дæргъы. Хуыздæрты схорзæхджын кодтой майдантæ, кубоктæ æмæ Кады гæххæттытæй. Ныр сæрды уæлахиздзау командæ араст уыдзæн фæллой æмæ хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады фестивальмæ, кæцы ацæудзæн Ханты-Мансийскы.

Читайте также
Все новости