Дзанайты Барис амыдта хицауады æмбырд. Ныхас дзы цыд республикæйы сæргълæууæг йæ æрвылазон раныхасы цы хæслæвæрдтæ радта, уыдоны æххæсткæнынадыл.
Вице-премьертæ хицауады сæрдарæн радзырдтой сæ бæрны цы къабæзтæ ис, уыдоны фарстатæ куыд иуварсгонд цæуынц, уый. Дзанайты Барис бабар кодта республикæйы разамонæг цы хæстæ сæвæрдта, уыдон афоныл æмæ бæстонæй баххæст кæнын. Уæлдай æргом аздахын ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæнынады, хъæууон хæдзарады, фæндаггон-транспортон системæмæ, цæрæнуæтты арæзтад æмæ туризммæ.
Сæрмагондæй æрдзырдтой промышленносты райрæзтыл. Дзуапдæттæг министрадæн бабар кодтой хæстæгдæр рæстæг регионы ацы къабазы хъомыс æххæстæй раргом кæнынæн хицæн концепцийыл бакусын. Уыимæ фæкæсын бизнесы архайджытæм æмæ раззагдæр проекттæм инвестицитæ раздахын.
















