Æндæр хабæрттæм. Республикӕйы хицауады сӕрдар Дзанайты Барис архайдта президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Владимир Надыкойы æмӕ Уӕрӕсейы энергетикӕйы министры хӕдивӕг Петр Конюшенкойы разамындӕй иумæйаг æмбырды. Темӕ —тæрхондоны уынаффӕтӕ ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Цæгат Кавказы федералон зылды тӕрхондоны пъырыстыфты куыст аразын фӕлхасгонд энергоресурсты тыххӕй цы хӕс ӕрцагуырдтой, уый фæдыл. Владимир Надыкто фæнысан кодта, Артаг-энергетикон комплексы куыстуӕтты раз дебиторон хӕсы фарста у регионӕн ӕппӕты ахсджиагдæртæй иу. Ӕмбырды хатдзӕгты фӕдыл дзургӕйӕ, Дзанайты Барис баххах кодта, Цӕгат Ирыстоны стыр ӕргом здӕхт цӕуы фиддонты дисциплинӕмӕ, бюджеттӕй ифтонггонд организациты фӕлхасгонд энергоресурсты тыххӕй, уыимӕ энергетикӕйы ӕмӕ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куыстуӕтты фидар экономикон рӕзты программӕйы фӕлгӕты, уый ӕххӕстгонд цӕуы республикӕйы разамонӕг Сергей Меняйлойы хъӕппӕрисӕй.
















