Дзæуджыхъæуы рацараздзысты Намысы Аллей. Уый тыххæй радих кодтой 25 милуан сомы. Мемориалон комплекс хъуамæ сцæттæ уа Стыр Уæлахизы 80 азы бонмæ.
Хицауады æмбырды ма æркастысты, æнæнхъæлæджы уавæрты хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæн иухаттон фиддонтæ нысан кæныныл. Фæфылдæр сын кæндзысты сæ бæрц. Иу адæймагæн дæтдзысты 15 мин сомы. Æнæнхъæлæджы уавæрты рæстæг йе ‘нæниздзинад чи фесæфта, уыдонæн æххуысы æппæты фылдæры бæрц уыдзæн 600 мин сомы. Уымæй уæлдай ма, ацы аз ноджы 14 адæймаджы райсдзысты фатертæ Дзæуджыхъæуы.
Республикæ рамбылдта грант “Безопасное детство”, зæгъгæ, программæ æххæст кæнынæн. Йе ‘руаджы уæззау уавæры цы цæрджытæ бахаудысты, уыдонæн сæ бон уыдзæн райсын алывæрсыг æххуыс. Дарддæр æххæстгонд цæуынц социалон контракттæ дæр.
















