Дзанайты Барисы разамындæй ацыд министрты кабинеты фыццаг æмбырд ацы аз. Ныхас цыд скъоладзауты хъарм хæринагæй лæвар ифтонг кæныны хъуыддагыл. Профилон министр Алыбегты Эллæйы хъæппæрисмæ гæсгæ сараздзысты 20 бонæн меню. Уыцы æххуысы мадзалæн ацы аз рахай кæндзысты 810 млн соммæ хæстæг. Премьер Дзанайты Барисы ныхæстæм гæсгæ, сæйрагдæр у хæринаджы хæрзхъæддзинад æмæ пайдадзинад бæрæг кæнын. Æппæт фарстатыл та, фыццаджы дæр, дзурын хъæуы ныййарджытимæ. Ивддзинæдтæ хаст æрцыдысты чысыл æмæ астæуыккаг амалхъомады субъекттæн æххуысы мадзæлттæ дæттыны фæткмæ.
Æдзырдтой ма Дзуарыхъæуы цæугæдон Фыййагдоны былгæрæттæ фидаргæнæнты арæзтадыл дæр. Уый бæстæйы президенты бардзырдмæ гæсгæ. Фæрæзтæ рахай кодтой 2025-æм азæй 2027 азы онг. Гидротехникон арæзтæдты руаджы бантысдзæн цæрæнбынæтты территоритæ бахъахъхъæнын донивылдтытæй. Уымæй уæлдай ма хъæугæ уынаффæтæ радтой æндæр ахсджиаг объектты фæдыл Суадаг æмæ Ногхъæуы.